24 Уый фӕстӕ Йеремиа ӕгас адӕмӕн, стӕй сылгоймӕгтӕн се ’ппӕтӕн дӕр загъта: Мысыры цӕрӕг иудейӕгтӕ, уе ’ппӕт дӕр Дунедарӕджы ныхасмӕ байхъусут!
Миха загъта: «Байхъус-ма, Дунедарӕг дӕу тыххӕй цы зӕгъы, уымӕ! Ӕз федтон Дунедарӕджы Йӕ паддзахы бадӕны бадгӕ. Йӕ уӕларвон ӕфсад иууылдӕр Йӕ рахиз ӕмӕ Йӕ галиуфарс лӕууыдысты.
Ӕрбайхъусут Дунедарӕгмӕ, Содомы ӕлдӕрттӕ! Уӕ хъус ӕрдарут нӕ Хуыцауы Ӕгъдаумӕ, Гоморрӕйы адӕм!
Дунедарӕджы ныхасмӕ ӕрбайхъусут, Йерусалимы цӕрджыты ӕнӕввӕрсон барджынтӕ!
уӕд байхъусут, Дунедарӕг цы зӕгъы, уымӕ, Иудӕйы байзӕддӕгтӕ! Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Мысырмӕ цӕуын куы сфӕнд кӕнат, куы ацӕуат ӕмӕ уым куы ’рцӕрат,
Ӕмӕ ацыдысты Мысырмӕ, Дунедарӕджы ныхасмӕ нӕ байхъусгӕйӕ. Тахпанхесмӕ ӕрбахӕццӕ сты.
Фӕлӕ байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ, Мысыры цӕрӕг иудейӕгтӕ! Ард хӕрын Мӕ хъомысджын номӕй, — зӕгъы Дунедарӕг, — Мысыры зӕххыл чи цӕры, уыцы иудейӕгтӕй Мӕ ном никуыуал ничи сдзурдзӕн ӕмӕ уыдонӕй афтӕ ничиуал зӕгъдзӕн: «Цардӕгас у Дунедарӕг Хуыцау!»
Чи зоны, ӕмӕ дӕм байхъусой, чи зоны та — нӕ, уымӕн ӕмӕ ӕгоммӕгӕс адӕм сты; фӕлӕ-иу сын ды уӕддӕр зӕгъ Мӕ ныхӕстӕ.
Уӕдӕ ныр байхъус Дунедарӕджы ныхасмӕ. Ды зӕгъыс, пехуымпариуӕг мауал кӕн Израилы, Исаакы хӕдзарӕн мацыуал дзур, зӕгъгӕ.
Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд!