9 Загъта сын: «Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, сымах мӕ уӕ курдиатимӕ Кӕмӕ арвыстат, Уый афтӕ зӕгъы:
Чи зоны, ӕмӕ Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, Ассирийы паддзах нӕм цардӕгас Хуыцауы фауынмӕ кӕй ӕрбарвыста, уыцы сӕйраг дзагдары ныхӕстӕ фехъуса ӕмӕ йӕ Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, уыцы ныхӕсты тыххӕй бафхӕра. Уӕдӕ скув, удӕгасӕй ма чи баззади, уыдоны тыххӕй».
Исайа сын загъта: «Уӕ хицауӕн зӕгъут: Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Ассирийы паддзахы дӕлдӕртӕ Мӕ цы ныхӕстӕй фаудтой, уыдонӕй ма тӕрс.
пехуымпар Йеремиамӕ ӕмӕ йын загътой: «Курӕм дӕ, сӕххӕст нын кӕн нӕ курдиат! Адӕмӕй ма чи аирвӕзт, уыдоны тыххӕй Дунедарӕгмӕ, дӕ Хуыцаумӕ, скув. Дӕхӕдӕг ӕй уыныс: чысыл йеддӕмӕ нал стӕм, раздӕр та бирӕ уыдыстӕм.
Йеремиа фӕсидти Кареахы фырт Йохананмӕ, йе ’фсады хицӕуттӕй алкӕмӕ дӕр, стӕй ӕппӕт адӕммӕ, стырӕй, чысылӕй.