Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Йеремиа 41:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Ахикамы фырт Гедалиайы амарыны фӕстӕ Нетаниайы фырт Измаел Мицпайӕ уацары кӕй акодта, уыцы адӕмы се ’ппӕты дӕр Кареахы фырт Йоханан ӕмӕ йе ’фсады хицӕуттӕ Гивонӕй ракодтой: ӕфсӕддонты, сылгоймӕгты, сывӕллӕтты, евнухты.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Йеремиа 41:16
4 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Иудейаг ӕфсады хицӕуттӕ — Нетаниайы фырт Измаел, Кареахы фырт Йоханан, нетофаг Танхуметы фырт Серай ӕмӕ маахайаг Иазани — фехъуыстой, Вавилоны паддзах Гедалиайы хицауӕй кӕй сӕвӕрдта, уый. Ӕмӕ ӕд адӕм Гедалиамӕ ӕрбацыдысты Мицпамӕ.


Мицпайы ма адӕмӕй чи баззад — паддзахы чызджытӕ ӕмӕ иннӕ адӕм, — хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан Ахикамы фырт Гедалиайы хицауӕй кӕмӕн сӕвӕрдта, уыдоны се ’ппӕты дӕр Нетаниайы фырт Измаел уацары акодта ӕмӕ аммонӕгты ’рдӕм фӕраст ис.


Йеремиа фӕсидти Кареахы фырт Йохананмӕ, йе ’фсады хицӕуттӕй алкӕмӕ дӕр, стӕй ӕппӕт адӕммӕ, стырӕй, чысылӕй.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ