Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Йеремиа 40:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Йеремиа иуварс нӕма ацыд, афтӕ ма Невузардан йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Ахикамы фырт Гедалиамӕ, Шафаны фырты фыртмӕ, ацу. Вавилоны паддзах ӕй Иудейы сахартӕн хицауӕй сӕвӕрдта. Йӕ разы, йӕ адӕмы ’хсӕн цӕр, науӕд та, кӕдӕм дӕ фӕнды, уырдӕм цу». Уый фӕстӕ йын хъахъхъӕнджыты хицау фӕсауӕрцӕн хӕринаг радта ӕмӕ йӕ ауагъта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Йеремиа 40:5
24 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Стӕй бафӕдзӕхста алчер Хилкиайӕн, Шафаны фырт Ахикамӕн, Михайы фырт Ахборӕн, нымӕрдар Шафанӕн ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕг Асайайӕн:


Алчер Хилкиа, Ахикам, Ахбор, Шафан ӕмӕ Асайа ацыдысты сылгоймаг-пехуымпар, Йерусалимы ног хайы цӕрӕг Хулдамӕ. Йӕ мой, Хархасы байзӕддаг Тиквайы фырт Шаллум, уыди уӕлӕдарӕсы агъуысты уагдар. Ӕмӕ паддзахы минӕвӕрттӕ фарстой Хулдайы.


Алчер Хилкиа, Шафаны фырт Ахикам, Михайы фырт Авдон, нымӕрдар Шафан ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕг Асайайӕн бафӕдзӕхста:


Кад уӕд Дунедарӕгӕн, нӕ фыдӕлты Хуыцауӕн, Йерусалимы Дунедарӕджы хӕдзар фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕууыны хъуыды паддзахы сӕры Чи бауагъта!


рацыди Вавилонӕй. Уый уыди динамонӕг, зыдта Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, лӕвӕрд Моисейы ӕгъдау. Цыдӕриддӕр ӕм курдиат уыди, уыдон ын паддзах сӕххӕст кодта, уымӕн ӕмӕ йыл Дунедарӕг, йӕ Хуыцау, Йӕ арм дардта.


Дӕумӕ кувын, Дунедарӕг! Фехъуысӕд Дӕм Дӕ цагъары куывд ӕмӕ, Дӕ номӕн Дын кад чи кӕны, Дӕ уыцы цагъарты куывд! Дӕ рӕстаудӕнӕй мӕ фӕхайджын кӕн, ацы адӕймаджы хорзӕх мын ратт. (Уыцы заман ӕз дзагдар уыдтӕн паддзахӕн.)


Уымӕн ӕмӕ Уый сӕрыстыры ӕрныллӕг кӕны, фервӕзын кӕны ныфссасты.


Адӕймаджы фӕндӕгтӕ Дунедарӕгӕн ӕхсызгон куы вӕййынц, уӕд ӕй йе знӕгтимӕ дӕр бафидауын кӕны.


Паддзахы зӕрдӕ Дунедарӕджы къухы ис, цӕугӕдонау ӕй, кӕцырдӕм Ӕй фӕнды, уырдӕм здахы.


Дунедарӕг загъта: «Дӕ фарны сӕраппонд дын Ӕз ратдзынӕн сӕрибар. Бӕллӕх ӕмӕ фыдбылызы заман Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ дын де знӕгтӕ лӕгъстӕ кӕндзысты.


Шафаны фырт Ахикам Йеремиайы сӕрыл рахӕцыд, цӕмӕй адӕмы къухтӕм марынмӕ лӕвӕрд ма ӕрцӕуа.


Йеремиамӕ арвыстой ӕмӕ йӕ хъахъхъӕнджыты кӕртӕй рацӕуын кодтой. Ахикамы фырт, Шафаны фырты фырт Гедалиайӕн, йӕ хӕдзармӕ йӕ акӕн, зӕгъгӕ, бафӕдзӕхстой. Афтӕмӕй Йеремиа йӕ адӕмы ’хсӕн цӕргӕйӕ баззади.


Фӕлӕ дӕ абон ӕз, дӕ къухтыл цы рӕхыстӕ ис, уыдонӕй суӕгъд кӕндзынӕн. Кӕд дӕ мемӕ Вавилонмӕ ацӕуын фӕнды, уӕд цом, мӕ бӕрны уыдзынӕ. Кӕд нӕ, уӕд та лӕуу; ӕппӕт бӕстӕ — дӕ разы, кӕдӕм дӕ фӕнды, уырдӕм цу».


Уыцы азы ӕвдӕм мӕйы Елишамайы фырты фырт, Нетаниайы фырт Измаел, дӕс лӕгимӕ Ахикамы фырт Гедалиамӕ Мицпайы сахармӕ ӕрбацыди. Уый уыди паддзахы мыггагӕй, йӕ уӕздӕттӕй иу. Фынджы уӕлхъус иумӕ куы бадтысты,


Халдейӕгтӕй тарстысты, уымӕн ӕмӕ Нетаниайы фырт Измаел кӕй амардта, уыцы Гедалиайы, Ахикамы фырты, бӕстӕйы сӕргъы Вавилоны паддзах йӕхӕдӕг сӕвӕрдта.


уӕд Нетаниайы фырт Измаел ӕмӕ, йемӕ цы дӕс лӕджы уыди, уыдон ӕвиппайды фестадысты ӕмӕ Ахикамы фырт Гедалиайы, Шафаны фырты фырты, кардӕй барӕхуыстой — Вавилоны паддзах бӕстӕйы хицауӕй кӕй сӕвӕрдта, уый амардтой.


Дыккаг бон бахӕццӕ стӕм Сидонмӕ. Юлий хорз цӕстӕй ракаст Павелмӕ, радта йын йӕ хӕлӕрттӕм ацӕуыны фадат, цӕмӕй йыл баузӕлой.


Фӕлӕ сӕдӕйыхицауы фӕндыди Павелы фервӕзын кӕнын, ӕмӕ сӕ нӕ бауагъта. Бардзырд радта, цӕмӕй, ленк кӕнын чи зыдта, уыдон ӕппӕты разӕй ныггӕпп кӕной денджызмӕ ӕмӕ былмӕ рахизой;


Тынг нӕ сбуц кодтой ӕмӕ, куы цыдыстӕм, уӕд нын немӕ нывӕрдтой, цы нӕ хъуыди, уыдӕттӕ.


Уымӕ гӕсгӕ ныфсджынӕй зӕгъӕм: «Бардарӕг мын у ӕххуысгӕнӕг, ӕмӕ нӕ тӕрсын: цы мын ракӕндзӕн адӕймаг?»


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ