Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Йеремиа 40:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Ӕмӕ уӕд, кӕдӕм сӕ фӕсырдӕуыд, уыцы бынӕттӕй фӕстӕмӕ раздӕхтысты Иудеймӕ, Гедалиамӕ, Мицпамӕ, ӕмӕ сӕм парахатӕй фӕзындысты сӕн ӕмӕ сӕрдыгон дыргътӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Йеремиа 40:12
8 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Кӕрдӕг бахус, фӕлӕ та мӕнӕ цъӕхӕй сзынди, хӕххон уыгӕрдӕнтӕ карст ӕрцыдысты;


Уӕдӕ ӕз дӕр Йазеры цӕрджытимӕ Сивмайы сӕнӕфсирыл кӕудзынӕн. Хешбон ӕмӕ Елале, мӕ цӕссыг уыл фӕкалдзынӕн, уымӕн ӕмӕ тыллӕгӕфснайӕнты цины хъӕр нал хъуысы сымахӕй.


Ӕз халдейӕгты раз дзуапп дӕттынӕн баззайдзынӕн Мицпайы, уымӕн ӕмӕ нӕм уыдон ардӕм цӕудзысты. Сымах та ӕрӕфтауц кӕнут сӕн, сӕрдыгон дыргътӕ ӕмӕ оливӕйы сой, уӕ мигӕнӕнты сӕ ӕрӕфснайут ӕмӕ, цы сахартӕ бацахстат, уыдоны цӕрут».


Кареахы фырт Йоханан ӕмӕ, ӕдзӕрӕг быдыры чи ӕмбӕхсти, уыцы ӕфсады хицӕуттӕ се ’ппӕт дӕр Гедалиамӕ Мицпайы сахармӕ ӕрбацыдысты


Мицпайы ма адӕмӕй чи баззад — паддзахы чызджытӕ ӕмӕ иннӕ адӕм, — хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан Ахикамы фырт Гедалиайы хицауӕй кӕмӕн сӕвӕрдта, уыдоны се ’ппӕты дӕр Нетаниайы фырт Измаел уацары акодта ӕмӕ аммонӕгты ’рдӕм фӕраст ис.


Кареахы фырт Йоханан ӕмӕ ’фсады хицӕуттӕ семӕ акодтой, алы адӕмты ’хсӕн цы иудейӕгтӕ ныххӕлиу сты ӕмӕ фӕстӕмӕ чи ӕрыздӕхти, уыдоны,


Уӕларвы ус-хуыцауӕн буд куынӕуал судзӕм ӕмӕ йын сӕн куынӕуал калӕм, уӕдӕй фӕстӕмӕ та алцӕмӕй дӕр хъуаг ӕййафӕм, кард ӕмӕ стонгӕй сӕфӕм».


Адзӕгъӕл сты алы хӕхтӕ, алы бӕрзӕндтыл, ныххӕлиу сты ӕппӕт зӕххы цъарыл, ӕмӕ ничи цӕуы сӕ фӕдыл, ничи сӕ агуры.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ