Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Йеремиа 40:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Ӕз халдейӕгты раз дзуапп дӕттынӕн баззайдзынӕн Мицпайы, уымӕн ӕмӕ нӕм уыдон ардӕм цӕудзысты. Сымах та ӕрӕфтауц кӕнут сӕн, сӕрдыгон дыргътӕ ӕмӕ оливӕйы сой, уӕ мигӕнӕнты сӕ ӕрӕфснайут ӕмӕ, цы сахартӕ бацахстат, уыдоны цӕрут».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Йеремиа 40:10
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Давид хохы сӕрӕй иу чысыл ӕруад, афтӕ ӕдуаргъ дыууӕ хӕрӕгимӕ йӕ размӕ фӕци Мефивошеты фӕсдзӕуин Цива. Хӕрджыты уаргъ — дыууӕсӕдӕ дзулы, чисмисы сӕдӕ халы, легъуиты сӕдӕ халы ӕмӕ сӕны лалым.


Тӕхудиаг сты, ӕдзух дӕ разы лӕууыны ӕмӕ дӕ куырыхон ныхасмӕ хъусыны фадат кӕмӕн ис, уыдон — дӕ адӕм ӕмӕ, лӕггад дын чидӕриддӕр кӕны, уыдон.


Йӕ куысты дӕсны чи у, ахӕм адӕймаджы искуы федтай? Уый лӕггад кӕны паддзӕхтӕн, хуымӕтӕг адӕммӕ хӕстӕг нӕ цӕуы.


Кӕрдӕг бахус, фӕлӕ та мӕнӕ цъӕхӕй сзынди, хӕххон уыгӕрдӕнтӕ карст ӕрцыдысты;


Уӕдӕ ӕз дӕр Йазеры цӕрджытимӕ Сивмайы сӕнӕфсирыл кӕудзынӕн. Хешбон ӕмӕ Елале, мӕ цӕссыг уыл фӕкалдзынӕн, уымӕн ӕмӕ тыллӕгӕфснайӕнты цины хъӕр нал хъуысы сымахӕй.


„Уӕ фыдӕл Йонадавы ныхасмӕ кӕй байхъуыстат ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ кӕй ӕххӕст кӕнут, уый тыххӕй, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, — Рехавы фырт Ионадавы байзӕддӕгтӕ фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ лӕггад кӕндзысты Мӕ разы“».


Ӕрмӕстдӕр мӕгуырты, сӕ бон ӕппындӕр кӕмӕн ницы уыди, уыдоны Иудейы бӕстӕйы ныууагъта, сӕндӕттӕ ӕмӕ зӕххы хӕйттӕ сын радта.


Ӕмӕ уӕд, кӕдӕм сӕ фӕсырдӕуыд, уыцы бынӕттӕй фӕстӕмӕ раздӕхтысты Иудеймӕ, Гедалиамӕ, Мицпамӕ, ӕмӕ сӕм парахатӕй фӕзындысты сӕн ӕмӕ сӕрдыгон дыргътӕ.


Йеремиа ацыди Мицпамӕ, Ахикамы фырт Гедалиамӕ, ӕмӕ ма адӕмӕй сӕ бӕстӕйы кӕй ныууагътой, уыдоны ’хсӕн царди йӕ разы.


Кареахы фырт Йоханан ӕмӕ ’фсады хицӕуттӕ семӕ акодтой, алы адӕмты ’хсӕн цы иудейӕгтӕ ныххӕлиу сты ӕмӕ фӕстӕмӕ чи ӕрыздӕхти, уыдоны,


О Сивмайы сӕндон! Дӕуыл куыд кӕуын, афтӕ Ӕз Йазерыл дӕр нӕ куыдтон. Дӕ талатӕ суанг денджызы фаллаг фарсмӕ аххӕссыдысты ӕмӕ ныххӕццӕ сты Йазеры цадмӕ. Ныр дын дӕ рӕгъӕд сӕнӕфсир ӕмӕ дӕ сӕрдыгон дыргътӕ ныллӕгуын кодта дӕрӕнгӕнӕг.


Додойаг фӕдӕн! Цыма сӕрды бӕркад ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ сӕнӕфсиртӕ ӕфснайд ӕрцыдысты, уыйау иунӕг гага дӕр никуыуал ис, рӕгъӕд дыргъы мур нал зыны бӕстыл.


Уӕдӕ иудадзыг уӕхи цӕттӕ дарут ӕмӕ кувут, цӕмӕй уӕ бон бауа ӕппӕт ӕрцӕуинаг бӕллӕхты сӕрты ахизын ӕмӕ Адӕймаджы Фырты раз ӕрлӕууын».


Дӕ разы дӕ цагъар Йешуа, Нуны фырт, бацӕудзӕн! Йе ’нцой фӕлӕуу — уыцы зӕхх израилӕгты къухы уый руаджы бафтдзӕн.


Авд боны дӕргъы-иу бӕрӕг кӕн Халагъудты бӕрӕгбон, дӕ хор ӕмӕ-иу дӕ сӕн куы бафснайай, уӕд.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ