24 Хӕхтӕм кӕсын, ӕмӕ ӕнкъуысынц, къуыбыртӕ ӕмризӕджы нырризынц.
Дунедарӕг ын загъта: «Ӕддӕмӕ рацу ӕмӕ хохы сӕрыл Дунедарӕджы раз ӕрлӕуу!» Уалынмӕ тӕссаг ӕмӕ тыхджын дымгӕ сыстад, ӕмӕ хӕхтӕ фаркгай фӕхаудысты, къӕдзӕхтӕ базгъӕлӕнтӕ сты, фӕлӕ Дунедарӕг дымгӕйы мидӕг нӕ разынд. Уый фӕстӕ зӕхх нынкъуысти, фӕлӕ уым дӕр нӕ разынди Дунедарӕг.
Арвы иу кӕронӕй райдайы йӕ фӕндаг, абалц кӕны иу кӕронӕй иннӕмӕ, ӕмӕ нӕй бамбӕхсӕн йӕ тӕвдӕй.
Хуыцауы бафӕлварын сфӕнд кодтой: сӕ уды фӕндиаг хӕринаг Дзы домдтой.
Цинӕй райут Дунедарӕгыл, ӕгас зӕххы цӕрджытӕ! Цинхъӕр кӕнут, хъӕлдзӕг ут ӕмӕ зарут!
Синайы хох фӕздӕджы бын фӕци, уымӕн ӕмӕ йын йӕ сӕрмӕ артау Йӕхи ӕруагъта Дунедарӕг. Пецау фӕздӕг калдта хох ӕмӕ-иу сӕнкъуысти.
Ӕрцӕудзӕн ахӕм бон, ӕмӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Йӕ маст ӕххуырсгӕйӕ, пиллӕттӕ калгӕйӕ, ныууигъдзӕни арв, зӕхх фенкъуысын кӕндзӕн йӕ бынатӕй.
Расыг лӕгау дзедзырой кӕндзӕн, ӕнкъуысдзӕни мӕнгӕфсон халагъудау. Йӕ фыдракӕндтӕ йыл сӕ уӕз куы ’руадзой, уӕд афӕлдӕхдзӕн ӕмӕ никуыуал схӕцдзӕн йӕхиуыл.
Уый тыххӕй Дунедарӕджы маст рафыцдзӕни Йӕ адӕммӕ, Йӕ къух сӕм сисдзӕн ӕмӕ сын ахӕм цӕф ныккӕндзӕн, ӕмӕ хӕхтӕ нырриздзысты, адӕмы мӕрдтӕ фосы фаджысау уынгты лӕзӕрдзысты. Фӕлӕ суанг уӕд дӕр Дунедарӕджы маст не ’рсабыр уыдзӕн, ӕвзиддзӕни ма сӕм ноджы.
Ӕрмӕстдӕр Дунедарӕг у ӕцӕг Хуыцау, Уый у цардӕгас Хуыцау ӕмӕ ӕнусон Паддзах. Йӕ мастӕй сӕнкъуысы зӕхх, адӕм ӕдых сты Йӕ масты раз.
Данӕй бӕхты хуыррыт хъуысы, зӕхх нынкъуысы уырсыты мыр-мырӕй! Ӕрбацыдысты знӕгтӕ, ныхъуырынц зӕхх, цыдӕриддӕр ыл ис, уыдон, сахартӕ ӕд цӕрджытӕ».
Кӕудзынӕн хӕхтыл, хъарӕг сыл кӕндзынӕн, дзыназдзынӕн тыгъд быдырты сӕрвӕттыл! Басыгъдысты, иу цӕуӕг сыл нал ис, нал хъуысы фысты дзугты бӕгъ-бӕгъ. Уӕларвон мӕргътӕ фӕтахтысты, ныххӕлиу сты сырдтӕ.
Мӕ разы фыр тӕссӕй нырриздзысты денджызы кӕсӕгтӕ, уӕларвон мӕргътӕ, ӕппӕт зӕххон цӕрӕгойтӕ ӕмӕ, зӕххы цъарыл чи цӕры, уыцы адӕм се ’ппӕт дӕр. Ракӕлдзысты хӕхтӕ, афӕлдӕхдзысты къӕдзӕхтӕ, ныккӕлдзысты зӕххыл сахарты бырутӕ.
Хӕхтӕ атайдзысты Йӕ быны; мыдадз артӕй куыд акъӕртт вӕййы, къӕдзӕхы фахсыл дон куыд рацӕйзгъоры, афтӕ дӕлвӕзтӕ фӕркгай фӕхаудзысты.
ныррызтысты Дӕ уындӕй хӕхтӕ. Тыгъдызӕй ныккалдта уӕларвӕй, фурды ӕнӕбын арф ныббогъ кодта, йӕ уылӕнтӕ систа хӕрдмӕ.
сыстади, нынкъуысын кодта зӕхх. Йӕ цӕстӕнгасӕй адӕмтыл ризӕг бахӕцыд; ныппырх сты ӕнусон къӕдзӕхтӕ, рагон къуылдымтӕ зӕххимӕ сиу сты; Йӕ фӕндӕгтӕ — ӕнусон.
Арв тыхтонау ӕрбампылд ӕмӕ фӕцыдӕр. Алы хох ӕмӕ сакъадах дӕр йӕ бынатӕй фенкъуысыди.