8 Халдейӕгтӕ басыгътой паддзахы галуан ӕмӕ адӕмы хӕдзӕрттӕ, Йерусалимы систӕ та ныппырх кодтой.
Вавилоны паддзах Навуходоносоры паддзахиуӕджы нудӕсӕм аз, фӕндзӕм мӕйы ӕвдӕм бон, йӕ хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан, йӕ бӕрнондӕр лӕггадгӕнӕг, Йерусалиммӕ ӕрбацыд
Вавилойнӕгтӕ Хуыцауы хӕдзар басыгътой, Йерусалимы быру ныппырх кодтой. Сахары галуантӕ сыгъд ӕрцыдысты иууылдӕр, зынаргъ дзаумайӕ дзы цыдӕриддӕр уыди, уыдон ныззыгуым сты.
Уыдон мын загътой, уацары чи нӕ бахауди, уыдон, дам, уым, сӕ бӕстӕйы, удӕгас бӕргӕ сты, фӕлӕ сӕ фыр ӕдзӕллаг ӕмӕ ӕгадӕй арвмӕ асинтӕ ӕвӕрынц; Йерусалимы къул дӕрӕнгонд ӕрцыди, йӕ кулдуӕрттӕ та арты хай баисты.
Нӕ сыхӕгтӕн нӕ хъазинаг скодтай, хынджылӕг нӕ кӕнынц.
Уӕларвӕфсады Бардарӕг расомы кодта: «Сӕ бирӕ хӕдзӕрттӕ ныззаууат уыдзысты, сӕ рӕсугъд галуантӕ дзӕгъӕлӕй баззайдзысты.
Куынӕ Мӕм байхъусат, сабатбон уын уаз куынӕ уа ӕмӕ уыцы бон Йерусалимы кулдуарыл уӕ уӕргътимӕ куы цӕуат, уӕд Ӕз ацы кулдуар басудздзынӕн, ӕмӕ уыцы ӕнӕ ахуысгӕ арт Йерусалимы галуантӕ иууылдӕр бабын кӕндзӕн».
Уымӕн ӕмӕ Ӕз ацы сахармӕ Ме ’ргом раздӕхтон йӕ фарнӕн нӕ, фӕлӕ йӕ фыдбылызӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — Вавилойнаг паддзахы къухмӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн ӕмӕ йӕ уый саусыгъд бакӕндзӕн“».
Сахарыл цы халдейӕгтӕ ӕрхъула кодтой, уыдон ӕрбацӕудзысты ӕмӕ йӕ арты хай бакӕндзысты. Израилӕгтӕ сӕ уӕлхӕдзӕрттыл Баалӕн буд кӕм сыгътой ӕмӕ сӕн кӕм калдтой ӕндӕр хуыцӕуттӕн, цӕмӕй Мӕн мӕсты кӕной, уый тыххӕй, уыцы хӕдзӕрттӕ басудздзысты.
«Дунедарӕджы, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: „Ацу Иудейы паддзах Цедекиамӕ ӕмӕ йын Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, номӕй афтӕ зӕгъ: Ӕз ацы сахар дӕттын вавилойнаг паддзах Навуходоносоры къухмӕ, ӕмӕ йӕ басудздзӕн.
Ӕз бардзырд ратдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ фӕстӕмӕ ацы сахармӕ раздӕхдзысты. Ӕрхъула йыл кӕндзысты, бацахсдзысты йӕ ӕмӕ йӕ басудздзысты. Ӕз Иудейы сахартӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн».
Уӕ ныхмӕ цы халдейӕгты ӕфсад хӕцы, ууыл куы фӕуӕлахиз уыдаиккат ӕмӕ ма сӕм ӕрмӕст, чи фӕцӕф ис, ахӕм хӕстонтӕ куы баззадаид, уӕд уыдон дӕр рацыдаиккой сӕ цатыртӕй ӕмӕ ацы сахар басыгътаиккой».
Фӕлӕ вавилойнаг паддзахы ӕфсады хицӕуттӕн сӕ размӕ куынӕ рацӕуай, уӕд ацы сахар халдейӕгты къухтӕм лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ йӕ басудздзысты, дӕхӕдӕг дӕр сӕ къухтӕй нӕ аирвӕздзынӕ“».
Йӕ систӕм ын схизут ӕмӕ сӕ ныппырх кӕнут, фӕлӕ кӕронмӕ нӕ. Йӕ дыргъдӕттӕ йын ныззыгуым кӕнут, уымӕн ӕмӕ уыдон Дунедарӕджы адӕм нал сты.
Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Мӕ маст ныккӕлдзӕн ацы бынатыл, адӕм ӕмӕ фосыл, быдираг бӕлӕстӕ ӕмӕ зӕххы тыллӕгыл, ссудздзӕн ӕмӕ нал ахуысдзӕн!»
Ныр йе знаг у йӕ хӕзнатӕн сӕ хицау. О, додой! Кувӕндонмӕ бацыдысты адӕмтӕ, — Ды Де ’мбырдмӕ цӕуыны бар кӕмӕн нӕ радтай, уыдон!
Ӕгъатырӕй ныппырх кодта Йаковы хӕдзӕрттӕ, ныддӕрӕн кодта фыр мӕстӕй Иудӕйы фидӕрттӕ. Фӕчъизи кодта, афӕлдӕхта зӕххыл паддзах ӕмӕ уӕздӕтты.
Йӕ нывондхӕссӕн фехста, Йӕ Кувӕндонмӕ нал цӕуы ӕмгӕрон. Сионы галуантӕ фыдгулты къухтӕм радта, сӕ уынӕр хъуысы Дунедарӕджы хӕдзарӕй, — бӕрӕгбон сын у ныр!
Дӕ хӕдзӕрттӕ дын басудздзысты ӕмӕ дын стӕрхон кӕндзысты бирӕ сылгоймӕгты раз. Афтӕмӕй кӕрон скӕндзынӕн дӕ хъахбай митӕн, ӕмӕ лӕвӕрттӕ нал уардзынӕ.
Адӕм сӕ дурты бын фӕкӕнӕнт ӕмӕ сӕ кӕрдтӕй скъуыхтӕ кӕнӕнт, сӕ фырттӕ ӕмӕ сын сӕ чызджыты амарӕнт, сӕ хӕдзӕрттӕ та сын басудзӕнт.
Нӕ ахасты дыууадӕсӕм азы дӕсӕм мӕйӕн йӕ фӕндзӕм бон мӕм Йерусалимы лигъдӕттӕй иу ӕрбацыд ӕмӕ мын загъта: «Сахар дӕрӕнгонд ӕрцыд».
Ӕз арт бандзардзынӕн Иудӕйыл, Йерусалимы фидӕрттӕ саусыгъд бакӕндзынӕн.
Сымах тыххӕй Сион быдырау бахуым кӕндзысты, Йерусалим дуррӕдзӕгъдтӕ фестдзӕни, Кувӕндон цы хохыл лӕууы, уый та бӕлӕсты бын фӕуыдзӕни.