24 Цедекиа Йеремиайӕн загъта: «Ацы ныхӕстӕ мачи базонӕд, науӕд удӕгасӕй нӕ баззайдзынӕ.
Уый фӕстӕ йӕм паддзах Цедекиа арвыста, ӕмӕ йӕ галуанмӕ ӕрбакодтой. Паддзах ӕй сусӕгӕй бафарста: «Дунедарӕг дын ницы загъта, мыййаг?» Йеремиа йын дзуапп радта: «Загъта: вавилойнаг паддзахы къухмӕ бахаудзынӕ».
Дӕ устытӕ ӕмӕ дын дӕ фыртты халдейӕгтӕм акӕндзысты, ӕмӕ дӕхӕдӕг дӕр сӕ къухтӕй нӕ аирвӕздзынӕ. Вавилоны паддзах дӕ ӕрцахсдзӕн, ацы сахар та сыгъд ӕрцӕудзӕни».
Уӕздӕттӕ, демӕ кӕй дзырдтон, уый куы фехъусой, уӕд дӕм ӕрбацӕудзысты ӕмӕ зӕгъдзысты: „Паддзахӕн цы загътай, уый нын радзур, мацы нӕ басусӕг кӕн, науӕд дӕ амардзыстӕм“.