20 Йеремиа йын загъта: «Нӕ дӕ ратдзысты уыдоны къухтӕм, байхъус Дунедарӕджы ныхасмӕ. Цы дын зӕгъын, уый бакӕн ӕмӕ ӕнӕмаст уыдзынӕ, удӕгасӕй баззайдзынӕ.
Фӕлӕ-иу сын ды зӕгъ, йӕ хо дӕн, зӕгъгӕ, ӕмӕ мын уӕд мӕ уд дӕр фервӕзын кӕндзынӕ, мӕ хъуыддаг дӕр хорз ацӕудзӕнис».
Уартӕ уыцы чысыл сахар хӕстӕг у! Цӕй, уырдӕм алидзон! Чысыл у, ӕмӕ уым удӕгасӕй баззайдзынӕн».
Сӕумӕцъӕхӕй Текоайы ӕдзӕрӕг быдыры ’рдӕм сӕ фӕндаг адардтой. Куы рацӕйцыдысты, уӕд Иосафат сыстади ӕмӕ загъта: «Ӕрбайхъусут мӕм, Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ! Ӕууӕндут Дунедарӕгыл, уӕ Хуыцауыл, ӕмӕ нӕ фӕцуддзыстут! Ӕууӕндут Ын Йӕ пехуымпартыл ӕмӕ ӕнтыстджын уыдзыстут!»
Мӕ фыд мын-иу ахӕм зонд амыдта: «Мӕ ныхӕстӕ мын дӕ зӕрдыл бадар, мӕ фӕдзӕхстытӕ мын ӕххӕст кӕн ӕмӕ цӕр.
Мӕ фӕдзӕхстытӕ мын ӕххӕст кӕн ӕмӕ цӕрдзынӕ, мӕ зондамынд мын цӕстыгагуыйау хъахъхъӕн.
Ӕрбайхъусут Мӕм ӕмӕ Мӕм ӕрбацӕут! Кӕсут Мӕ коммӕ ӕмӕ цӕрат! Ӕз мыггагмӕ бафидаудзынӕн уемӕ ӕмӕ, Давидӕн зӕрдӕ цы хорзӕхтӕй бавӕрдтон, уыдон бахай кӕндзынӕн сымахӕн дӕр.
Ӕз уын уӕ фыдӕлты Мысыры зӕххӕй, ӕфсӕйнаг тайынгӕнӕн куынцгомӕй, куы ракодтон, уӕд сын ацы фидыд ӕххӕст кӕнын бафӕдзӕхстон, загътон сын: Мӕ ныхасмӕ Мын хъусут, цыдӕриддӕр уын фӕдзӕхсон, уыдӕттӕ кӕнут, ӕмӕ уыдзыстут Мӕ адӕм, Ӕз та — уӕ Хуыцау.
Фӕлӕ уыдон нӕ хъуыстой ӕмӕ сӕ хъус ницӕмӕ ’рдардтой, иууылдӕр хивастӕй цардысты. Уымӕ гӕсгӕ, ацы фидыды цы ныхӕстӕ ис, ӕххӕст кӕнын сын кӕй бафӕдзӕхстон ӕмӕ кӕй не ’ххӕст кодтой, уыдон сын Ӕз иууылдӕр сарӕзтон сӕ ныхмӕ“».
Уӕ фӕндӕгтӕ ӕмӕ уӕ хъуыддӕгтӕ сраст кӕнут. Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, ныхасмӕ хъусут, ӕмӕ уӕд Дунедарӕг Йӕ фӕндон аивдзӕн, рагацау уын цы бӕллӕх снысан кодта, уый уын нал бавзарын кӕндзӕн.
Сахарӕй рацӕуыныл куы не сразы уай, уӕд та, Дунедарӕг мын цы раргом кодта, уымӕ байхъус:
Ӕрмӕст сын бафӕдзӕхстон: „Мӕ ныхасмӕ Мын хъусут, ӕмӕ Ӕз уыдзынӕн уӕ Хуыцау, сымах та — Мӕ адӕм. Цы уын фӕдзӕхсон, уыдӕттӕ кӕнут ӕмӕ ӕнӕмастӕй цӕрдзыстут“.
ӕмӕ загъта: „О стыр Вавилон! Мӕ хъомысӕй, мӕхи кадӕн дӕ мӕ паддзахады сӕйраг сахар скодтон!“
Дунедарӕг израилӕгтӕн афтӕ зӕгъы: «Раздӕхут Мӕм ӕмӕ удӕгасӕй баззайдзыстут.
Дунедарӕгмӕ уе ’ргом раздахут ӕмӕ цӕрдзыстут. Науӕд Уый пиллон артау ӕртыхсдзӕни Йосефы хӕдзарыл, басудздзӕни Вефил, ӕмӕ уыцы арт ахуыссын кӕнын никӕй бон уыдзӕн.
Павел загъта: «Хуыцауӕн лӕгъстӕ кӕнын, цӕмӕй, тагъд уа ӕви ӕрӕгмӕ уа, ӕрмӕст ды нӕ, фӕлӕ мӕм абон чи хъусы, уыдон се ’ппӕт дӕр мӕ хуызӕттӕ суой, ӕрмӕст ӕнӕ рӕхыстӕй».
Мах зонӕм Бардарӕджы тас ӕмӕ ӕууӕндын кӕнӕм адӕмы. Цы стӕм, уый Хуыцауӕн зындгонд у; афтӕ ӕнхъӕл дӕн, ӕмӕ сымах дӕр мах тыххӕй алцыдӕр зонут.
Уӕдӕ Чырыстийы минӕвӕрттӕ стӕм мах ӕмӕ, цыма Хуыцау Йӕхӕдӕг зӕгъы нӕ дзыхӕй, уыйау Чырыстийы номӕй курӕм сымахӕй: бафидаут Хуыцауимӕ.
Мах, Хуыцауы ӕмкусджытӕ, курӕм сымахӕй: Хуыцау уӕ цы хорзӕхӕй схайджын кодта, уый уын дзӕгъӕлы ма фӕуӕд.
Ӕххӕст ӕй кӕнут ӕмӕ ма ут, ӕрмӕст ӕм байхъусынӕй дарддӕр чи ницы аразы ӕмӕ уымӕй йӕхӕдӕг йӕхи чи сайы, ахӕмтӕ.