Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Йеремиа 38:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Уӕд Йеремиа паддзах Цедекиайӕн загъта: «Уӕларвӕфсады Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: „Вавилойнаг паддзахы ӕфсады хицӕуттӕм дӕхи куы раттай, уӕд фервӕздзынӕ, ацы сахар та сыгъд не ’рцӕудзӕн. Де ’ппӕт хӕдзаронтимӕ удӕгасӕй баззайдзынӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Йеремиа 38:17
19 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Фӕлӕ-иу сын ды зӕгъ, йӕ хо дӕн, зӕгъгӕ, ӕмӕ мын уӕд мӕ уд дӕр фервӕзын кӕндзынӕ, мӕ хъуыддаг дӕр хорз ацӕудзӕнис».


Сахарӕй йӕ размӕ рацыд иудейаг паддзах Йехониа, йӕ мадимӕ, йӕ барджынтимӕ, йе ’фсады хицӕуттимӕ ӕмӕ йӕ иннӕ дӕлдӕртимӕ. Вавилоны паддзахы хицаудзинадыл цыди ӕстӕм аз, Йехониайы уацары куы райста, уӕд.


Евил-Меродах Вавилоны паддзах куы сси, тӕккӕ уыцы аз ахӕстонӕй суӕгъд кодта иудейаг паддзах Йехониайы. Уый ӕрцыд Йехониайы ахасты ӕвддӕс ӕмӕ ссӕдзӕм азӕн йӕ дыууадӕсӕм мӕйы дыууын ӕвдӕм бон.


Ӕнустӕм кадджын уӕд Дӕ ном! Афтӕ куыд дзурой: „Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, сӕ Хуыцау у Израилӕн“! Ӕмӕ кӕддӕриддӕр Дӕ разы уӕд Дӕ цагъар Давиды хӕдзарвӕндаг.


афтӕмӕй, лигъдӕтты ӕнаккаг миты тыххӕй Израилы Хуыцауы азарӕй ӕдас чи нӕ уыди, уыдон иууылдӕр мӕ алыварс ӕрбамбырд сты. Изӕры нывонд хӕссыны афонмӕ мӕ бынатӕй змӕлгӕ дӕр нӕ фӕкодтон.


Фӕлӕ чи рацӕудзӕн Йӕ уынаффӕйы ныхмӕ? Йӕхи куыд фӕнды, афтӕ кӕны.


Тӕхуды, куы Мӕм байхъуыстаиккой Мӕ адӕм! Израил Мӕ фӕндагыл куы цыдаид!


«Де уӕхсчытӕй дын де ’ргъом ӕристон, дӕ чыргъӕдтӕ дын айстон дӕ къухтӕй.


Уыцы ныхӕстӕ Ӕз иууылдӕр иудейаг паддзах Цедекиайӕн рафӕзмыдтон. Загътон ын: «Вавилойнаг паддзахы ӕфсондз уӕ уӕлӕ ӕркӕнут, йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йын йӕ адӕмӕн дӕр лӕггад кӕнут ӕмӕ цӕрдзыстут.


Ма сӕм хъусут, Вавилоны паддзахӕн лӕггад кӕнут ӕмӕ цӕрут. Ацы сахар хӕлддзӕгты кӕри цӕмӕн хъуамӕ феста?


Фӕлӕ, Вавилоны паддзах Навуходоносорӕн ныр лӕггад чи нӕ кӕна ӕмӕ йын йе ’фсондз йӕ уӕлӕ чи не ’ркӕна, уыцы адӕмы кӕнӕ паддзахады Ӕз бафхӕрдзынӕн кард, стонг ӕмӕ рынӕй, — зӕгъы Дунедарӕг, — уый къухӕй сӕ фесафдзынӕн бынтондӕр.


«Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: „Ацы сахары чидӕриддӕр баззайа, уыдон кард, стонг ӕмӕ рынӕй амӕлдзысты. Халдейӕгты къухтӕм йӕхи чи радта, уыдон та удӕгасӕй баззайдзысты ӕмӕ хорзӕхӕн цард айсдзысты.


Вавилойнаг паддзахы уӕздӕттӕ бацыдысты сахармӕ ӕмӕ Астӕуккаг кулдуары цур ӕрбадтысты. Уыдоны ’хсӕн уыдысты: Нергал-Шарецер, Самгар-Нево, Сар-Сехим — паддзахы лӕггадгӕнджыты хистӕр, ӕфсӕддон хицау Нергал-Шарецер ӕмӕ Вавилоны паддзахы иннӕ уӕздӕттӕ се ’ппӕт дӕр.


Цӕмӕй сын сӕхи дӕр ӕмӕ сӕ адӕмы дӕр басабыр кӕна, уый тыххӕй Ахикамы фырт Гедалиа, Шафаны фырты фырт, расомы кодта: «Халдейӕгты барджын хицӕуттӕй ма тӕрсут, ӕрцӕрут ацы бӕстӕйы. Вавилоны паддзахӕн лӕггад кӕнут, ӕмӕ уын хорз уыдзӕни.


Ӕмӕ ныр Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Уӕхиуыл ахӕм ӕвирхъау бӕллӕх цӕмӕн ӕфтаут? Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй уӕхи цӕмӕн хауын кӕнут, уӕ нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ уӕ сылгоймӕгтӕ, уӕ сывӕллӕттӕ ӕмӕ уӕ ноггуырд сабиты цӕмӕн сафут, удӕгасӕй уӕ куыд мачиуал баззайа, афтӕ?


Уым мын раргом ис Израилы Хуыцауы кад, быдыры кӕй федтон, уый ӕнгӕс.


Уыдӕтты тыххӕй уӕ Ӕз Дамаскӕй дарддӕр уацары акӕнын кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ