Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Йеремиа 37:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Йеремиа паддзах Цедекиайӕн ноджы загъта: «Цӕмӕй фӕаххосджын дӕн дӕ разы, стӕй дӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ дӕ адӕмы раз? Ныккӕнды мӕ цӕй тыххӕй ныппӕрстат?

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Йеремиа 37:18
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йаков рамӕсты ис ӕмӕ Лаванӕн уайдзӕфтыл схӕцыди: «Уӕддӕр цы у мӕ фыдракӕнд, цавӕр тӕригъӕды бацыдтӕн, цӕмӕй гурӕй-гурмӕ мӕ фӕдыл зилай?


Хорз ӕвзӕрӕй чи фиды, уымӕн йӕ хӕдзарӕй фыдбылыз иуварс никуы ацӕудзӕн.


Хорз нӕу ӕнаххосы ’фхӕрын кӕнӕ номджын лӕджы рӕстдзинады тыххӕй нӕмын.


Фӕлӕ йӕ, ау, паддзах Езекиа ӕмӕ ӕппӕт иудейӕгтӕ уыцы ныхӕсты тыххӕй маргӕ акодтой? Ау, паддзах Дунедарӕгӕй нӕ фӕтарст ӕмӕ Йын лӕгъстӕ нӕ кодта? Ӕмӕ уӕд Дунедарӕг Йӕ фӕндон аивта, цы фыдбылыз сын ӕрцӕттӕ кодта, уый сӕ аздӕхта. Мах та нӕхӕдӕг нӕхи фыдбылызы ӕппарӕм!»


Мӕ Хуыцау рарвыста Йӕ зӕды, ӕмӕ уый домбӕйтты дзыхтыл цъутта сӕвӕрдта. Ницы знаггад мын ракодтой, уымӕн ӕмӕ мӕ Хуыцауы раз сыгъдӕг разындтӕн, стӕй дӕ разы дӕр, паддзах, азымджын нӕ дӕн».


Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Мӕ Фыд Мын кӕй бафӕдзӕхста, ахӕм хорз хъуыддӕгтӕ уын Ӕз бирӕ фенын кодтон. Цымӕ мӕ уыдонӕй кӕцыйы тыххӕй хъавут дуртӕй амарынмӕ?»


Павел синедрионыл йӕ цӕст ахаста ӕмӕ загъта: «Ме ’фсымӕртӕ, абоны онг цы ацардтӕн, уымӕй Хуыцауы раз мӕ цӕсгом сыгъдӕг у».


Уымӕ гӕсгӕ ӕз архайын Хуыцауы ӕмӕ адӕмы раз кӕддӕриддӕр сыгъдӕг цӕсгомимӕ цӕрыныл.


Кӕд ӕз, амарыны аккаг цы у, ахӕмӕй исты ракодтон, уӕд цӕттӕ дӕн мӕлӕтмӕ. Фӕлӕ кӕд, азымджын мӕ цӕмӕй кӕнынц, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕрымысгӕ сты, уӕд мӕн сӕ къухмӕ раттын никӕй бон у. Ӕз домын кесӕры тӕрхон».


Фӕлӕ ӕз куыд сбӕрӕг кодтон, афтӕмӕй, амарӕн ӕй цӕй тыххӕй ис, ахӕмӕй ницы сарӕзта. Ӕрмӕст йӕхӕдӕг кесӕры тӕрхон кӕй ӕрдомдта, уымӕ гӕсгӕ йӕ сфӕнд кодтон уымӕ арвитын.


Павел йӕхи сраст кӕнынӕн загъта: «Ӕз иу тӕригъӕд дӕр нӕ ракодтон нӕдӕр иудейаг Ӕгъдауы ныхмӕ, нӕдӕр Кувӕндоны ныхмӕ, нӕдӕр кесӕры ныхмӕ».


Фӕхибар сты ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой, ацы адӕймаг, амарын кӕнӕ йӕ ахӕстоны дарын цӕй тыххӕй ӕмбӕлы, ахӕмӕй ницы ракодта, зӕгъгӕ.


Ау, рӕстдзинад уын кӕй дзырдтон, уый тыххӕй уын знаг сдӕн?


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ