Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Йеремиа 37:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Уый фӕстӕ йӕм паддзах Цедекиа арвыста, ӕмӕ йӕ галуанмӕ ӕрбакодтой. Паддзах ӕй сусӕгӕй бафарста: «Дунедарӕг дын ницы загъта, мыййаг?» Йеремиа йын дзуапп радта: «Загъта: вавилойнаг паддзахы къухмӕ бахаудзынӕ».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Йеремиа 37:17
25 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Миха паддзахмӕ куы бацыд, уӕд ӕй уый бафарста: «Миха! Галаадаг Рамоты ныхмӕ схӕцон ӕви нӕ?» Миха йын дзуапп радта: «Схӕц ӕмӕ фӕуӕлахиз у! Дунедарӕг ӕй паддзахы къухы бафтын кӕндзӕн».


Паддзах ын загъта: «Ныр дӕм цалӕм хатт хатын, рӕстдзинад йеддӕмӕ мын мацы дзур, зӕгъгӕ! Цы дын загъта Дунедарӕг?»


Цедекиайӕн йӕ фыртты аргӕвстой йӕ цӕстыты раз, йӕхицӕн та йын йӕ цӕстытӕ скъахтой ӕмӕ йӕ хъадаманты мидӕг Вавилонмӕ акодтой.


Дунедарӕг загъта: «Дӕ фарны сӕраппонд дын Ӕз ратдзынӕн сӕрибар. Бӕллӕх ӕмӕ фыдбылызы заман Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ дын де знӕгтӕ лӕгъстӕ кӕндзысты.


Уый фӕстӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — Иудейы паддзах Цедекиа ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты, стӕй ӕппӕт адӕмы — ацы сахары кард, рын ӕмӕ стонгӕй чидӕриддӕр аирвӕзти, уыдоны — иууылдӕр вавилойнаг паддзах Навуходоносоры ӕмӕ, сӕ мӕлӕтмӕ цы знӕгтӕ бӕллынц, уыдоны къухтӕм ратдзынӕн. Паддзах сӕ карды амӕттаг бакӕндзӕн, нӕ сыл бацауӕрддзӕн, нӕ сын ныббардзӕн ӕмӕ сын нӕ батӕригъӕд кӕндзӕн“.


Ацы ӕвзӕр легъуиты, фыр ӕвзӕрӕй бахӕрӕн дӕр кӕмӕн нӕй, уыдоны хъысмӕт та, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ӕз бавзарын кӕндзынӕн иудейаг паддзах Цедекиа ӕмӕ йӕ уӕздӕттӕн, Йерусалимы цӕрджытӕй ацы зӕххыл цӕргӕйӕ чи баззади, уыдонӕн, стӕй, Мысырмӕ чи ацыди, уыдонӕн дӕр.


Фыййӕуттӕн бамбӕхсын нӕ бантысдзӕн, рӕгъауы фӕтӕгтӕ нӕ фервӕздзысты.


Паддзах Цедекиа Йеремиамӕ Шелемийы фырт Йегухал ӕмӕ сауджын Софониайы, Маасеайы фырты, арвыста, мах тыххӕй ма Дунедарӕгмӕ, нӕ Хуыцаумӕ, скув, зӕгъгӕ.


Паддзах Цедекиа сын дзуапп радта: «Уӕ бар ыл цӕуы. Сымах цы нӕ фӕнды, ахӕмӕй паддзахӕн йӕ бон саразын ницы у».


Халдейӕгты хӕстонтӕ паддзах Цедекиайы фӕсте расырдтой ӕмӕ йӕ Йерихонмӕ хӕстӕг тъӕпӕныл баййӕфтой. Йемӕ цы хӕстонтӕ уыди, уыдон иууылдӕр алырдӕмты фӕлыгъдысты,


Фыдбылыз цӕудзӕни фыдбылызы фӕдыл, фыдуац фыдуацы фӕдыл. Пехуымпартӕй курдзысты цӕстылуайӕнтӕ, фӕлӕ сауджынтӕм зондамынд нал разындзӕн, хистӕртӕм та — уынаффӕ.


Ацыди Балаам Балакмӕ, ӕмӕ дын мӕнӕ йӕ иууылсудзинаджы уӕлхъус лӕууы, йӕ разы — Моавы уӕздӕттӕ. Бафарста Балак: «Цы загъта Дунедарӕг?»


Уымӕн ӕмӕ Ирод тарстис Иоаннӕй; раст ӕмӕ сыгъдӕг адӕймаг кӕй у, уый зыдта ӕмӕ йыл йӕ арм дардта. Кӕд-иу Иоанны ныхӕстӕй фӕкъӕмдзӕстыг ис, уӕддӕр ӕм хъуыста ӕхсызгонӕй.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ