15 Уӕздӕттӕ Йеремиамӕ смӕсты сты, фӕнадтой йӕ ӕмӕ йӕ нымӕрдар Йонатаны хӕдзары бамидӕг кодтой, уымӕн ӕмӕ уыцы хӕдзарӕй ахӕстон скодтой.
Йосефы ӕрцахсын кодта ӕмӕ йӕ, паддзахы ахӕстытӕ кӕм уыдысты, уыцы ахӕстоны бакодта. Афтӕмӕй Йосеф бахаудта ахӕстонмӕ.
Аса зонынджынмӕ смӕсты ис, фыр мӕстӕй ма йӕ ахӕстоны дӕр сбадын кодта. Уыцы заман адӕмӕй иуӕй-иуты дӕр ӕнӕхъуаджы карз бафхӕрдта.
Зӕгъут-иу сын: „Афтӕ зӕгъы паддзах: ахӕстоны йӕ сбадын кӕнут, мамӕлайы къӕбӕр ӕмӕ йын дон йеддӕмӕ мацы дӕттут, цалынмӕ сӕрӕгасӕй фӕстӕмӕ не ’рбаздӕхон, уӕдмӕ“».
О Дунедарӕг, Ды зоныс бӕлвырд: мӕ фесафынӕн аразынц фыдвӕндтӕ. О, ма сын сис сӕ фыдракӕндты азым, сӕ тӕригъӕдтӕ сын макуы ныббар! Уадз ӕмӕ бабын уой Дӕ разы, фесаф сӕ Дӕ масты бон!
Уӕд уӕздӕттӕ ӕмӕ ӕппӕт адӕм загътой сауджынтӕ ӕмӕ пехуымпартӕн: «Ацы лӕг маринаг нӕу, уымӕн ӕмӕ немӕ дзырдта Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, номӕй».
Вавилойнаг паддзахы ’фсад ӕрхъула кодта Йерусалимыл, пехуымпар Йеремиа та иудейаг паддзахы галуаны, хъахъхъӕнджыты кӕрты, ахӕстоны бадти.
О мӕ хицау ӕмӕ мӕ паддзах, байхъус мӕм, мӕ курдиатыл мын дӕхи ма атигъ кӕн! Мауал мӕ арвит нымӕрдар Йонатаны хӕдзармӕ, науӕд уым амӕлдзынӕн».
Уыцы заман Йеремиа сӕрибарӕй царди йӕ адӕмы ’хсӕн, уымӕн ӕмӕ ахст нӕ уыди.
Уӕд-иу сын ахӕм дзуапп ратт: „Ӕз лӕгъстӕ кодтон паддзахӕн, цӕмӕй мӕ Йонатаны хӕдзармӕ мауал арвита ӕмӕ уым ма амӕлон“».
Йеремиайы ӕрцахстой. Паддзахы фырт Малкиайӕн хъахъхъӕнджыты кӕрты цы цъай уыди, уым ӕй ныппӕрстой. Йеремиайы цъайы ауагътой бӕндӕнтыл. Уыцы рӕстӕг цъайы дон нӕ уыди, ӕрмӕстдӕр цъыф, ӕмӕ Йеремиа цъыфы аныгъуылди.
Йеремиа ма хъахъхъӕнджыты кӕрты ахӕстоны куы бадти, уӕд ын Дунедарӕг загъта:
Уыдон ын йӕ цагъарты ӕрцахстой ӕмӕ дзы кӕй нӕмгӕ фӕкодтой, кӕй дзы маргӕ акодтой, кӕй та дзы дуртӕй амардтой.
Ӕрбайхъусут-ма! Мӕнӕ уӕм Ӕз ӕрвитын пехуымпарты, куырыхон адӕймӕгты ӕмӕ динамонджыты, ӕмӕ дзы сымах иуты амардзыстут ӕмӕ байтындздзыстут, иннӕты уӕ синагогӕты ехсӕй нӕмдзыстут ӕмӕ сӕ иу сахарӕй иннӕмӕ тӕрдзыстут.
Йӕ цӕстытыл-иу Ын ныххӕцыдысты ӕмӕ Йын дзырдтой: «Кӕд пехуымпар дӕ, уӕд Дӕ чи ныццавта, уый базон».
Йесо афтӕ куы загъта, уӕд Ын хъахъхъӕнджытӕй иу — хӕстӕг Ӕм чи лӕууыди, уый — Йӕ цӕсгом ныццавта ӕмӕ загъта: «Алчерӕн ахӕм дзуапп дӕттыс?»
Ӕрцахсын кодтой апостолты ӕмӕ сӕ сахары ахӕстоны бакодтой.
«Мах уын фидарӕй нӕ загътам, уыцы Адӕймаджы номӕй адӕмы мауал ахуыр кӕнут, зӕгъгӕ? Сымах та ӕгас Йерусалимы ахӕлиу кодтат уӕ ахуырад. Уыимӕ ма Йын Йӕ мӕлӕт дӕр хъуамӕ мах ӕфсон фӕкӕнат».
Иууылдӕр бакастысты Гамалиилы коммӕ, фӕдзырдтой апостолтӕм ӕмӕ сӕ фӕнӕмын кодтой. Уый фӕстӕ сын тызмӕгӕй бафӕдзӕхстой, цӕмӕй Йесойы номӕй мауал дзурой, ӕмӕ сӕ рауагътой.
Цы хъизӕмӕрттӕ ӕвзарын дӕ бахъӕудзӕн, уыдонӕй ма тӕрс. Уӕ бафӕлварыны тыххӕй хӕйрӕг сымахӕй кӕйдӕрты баппардзӕн ахӕстоны, ӕмӕ уӕ хъизӕмар ахӕсдзӕни дӕс боны. Мӕлын дӕ куы бахъӕуа, уӕд дӕр-иу баззай иузӕрдионӕй, ӕмӕ дын Ӕз ратдзынӕн хӕрзиуӕг — мыггагмӕйы цард.