Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Йеремиа 37:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Бениамины кулдуары уылты куы фӕцӕйцыд, уӕд ӕм хъахъхъӕнджыты хицау, Хананиайы фырты фырт, Шелемийы фырт Ирийа фӕлӕбурдта ӕмӕ йын загъта: «Дӕу фӕнды халдейӕгтӕм балидзын!»

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Йеремиа 37:13
20 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Фӕлӕ уыдон загътой: «Цӕй ӕмӕ Йеремиайы ныхмӕ исты фыдвӕнд саразӕм, цӕмӕй сауджынты Ӕгъдау, куырыхонты уынаффӕтӕ ӕмӕ пехуымпарты ныхӕстӕ ма фесӕфой. Цӕуӕм ӕмӕ йыл хахуыртӕ ӕрымысӕм, ма йын байхъусӕм йӕ ныхӕстӕм».


Мӕ алыварс хъуыстон цъыфкалӕн ныхӕстӕ, алырдыгӕй — ӕртхъирӕнтӕ: «Бахъаст ыл кӕнут! Цӕй ӕмӕ йӕ банымудзӕм!» Хӕларӕй кӕимӕ цардтӕн, уыдон ныр, кӕд фӕкӕлдзынӕн, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц: «Кӕд истӕмӕй фӕрӕдиид — уӕд ыл фӕуӕлахиз уыдзыстӕм ӕмӕ дзы нӕ маст райсдзыстӕм».


Пашхур Йеремиайы фӕнадта ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы хӕдзары кӕрты, Бениамины кулдуары цур, хъадаманты сбадын кодта.


Ацы сахары чидӕриддӕр баззайа, уыдон кард, стонг ӕмӕ рынӕй фесӕфдзысты. Уӕ алыварс цы халдейӕгтӕ ӕрхъула кодтой, уыдонӕн сӕ размӕ чи рацӕуа ӕмӕ йӕхи сӕ къухтӕм чи ратта, уыдон иууылдӕр удӕгасӕй баззайдзысты, хӕрзиуӕгӕн цард айсдзысты.


Ныр уын Ӕз уӕ зӕххытӕ иууылдӕр дӕттын Мӕ цагъары, вавилойнаг паддзах Навуходоносоры, къухмӕ. Суанг ын хъӕддаг сырдты дӕр йӕ дӕлбар бакӕндзынӕн.


Уымӕн ӕмӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: Ӕз уыцы адӕмтӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ бӕрзӕйыл ӕфсӕйнаг ӕфсондз бакӕндзынӕн, цӕмӕй Вавилоны паддзах Навуходоносорӕн лӕггад кӕной, уый тыххӕй. Уыдон суыдзысты йӕ цагъартӕ, суанг ын хъӕддаг сырдты дӕр бакӕндзынӕн йӕ дӕлбар“».


Уый ныццыди паддзахы галуанмӕ, нымӕрдарты агъуыстмӕ. Уыцы рӕстӕг уым бадтысты уӕздӕттӕ: нымӕрдар Елишама, Шемайайы фырт Делаи, Ахборы фырт Елнатан, Шафаны фырт Гемариа, Хананиайы фырт Цедекиа ӕмӕ иннӕ уӕздӕттӕ се ’ппӕт дӕр.


Маттаны фырт Шефати, Пашхуры фырт Гедалиа, Шелемийы фырт Йегухал ӕмӕ Малкиайы фырт Пашхур фехъуыстой, Йеремиа адӕмӕн афтӕ кӕй дзырдта, уый:


Уӕд уӕздӕттӕ паддзахӕн загътой: «Ацы лӕджы амарын хъӕуы. Ахӕм ныхӕстӕй, сахары ма цы хӕстонтӕ баззад, уыдонӕн ӕмӕ иннӕ адӕмӕн сӕ хъару лӕмӕгъ кӕны. Йӕ зӕрдӕ адӕмӕн хорзӕй ницы зӕгъы, се сӕфтмӕ бӕллы».


Паддзахы галуаны барджынтӕй иу уыди эфиопаг, йӕ ном — Еведмелех. Уый, Йеремиайы цъайы кӕй ныппӕрстой, уыцы хабар фехъуыста. Уыцы рӕстӕг паддзах бадти Бениамины кулдуары раз.


Нӕ хӕдзӕрттӕй нын ракӕсӕн куынӕуал ис, куы бабадтысты не знӕгтӕ нӕ размӕ! Мӕлӕт ӕрбахӕстӕг, нӕ бонтӕ сты нымад! О, мӕнӕ ис нӕ мӕлӕт!


Вефилы сауджын Амациа паддзах Йеровоаммӕ минӕвары арвыста ахӕм уацимӕ: «Амос израилӕгты дӕ ныхмӕ аразы, зӕхх нал уромы йӕ ныхӕстӕ.


Ацы зӕхх ӕгасӕй дӕр дӕлвӕз фестдзӕни, Гевӕйӕ суанг Риммоны, Йерусалимы хуссарварс чи ис, уый онг, Йерусалим та уыдонӕй фӕуӕлдӕр уыдзӕн. Йӕ бынаты лӕудзӕн ӕмӕ Бениамины кулдуарӕй Рагон кулдуар ӕмӕ Фисыны кулдуары онг, Хананелы мӕсыгӕй паддзахы сӕндуцӕнты онг адӕмӕй байдзаг уыдзӕн.


Уым Ӕй райдыдтой аххосджын кӕнын: «Мах сбӕлвырд кодтам, ацы адӕймаг нын адӕмы кӕй халы, уый. Кесӕрӕн хъалон фидын нӕ уадзы ӕмӕ Йӕхи хоны Чырысти, ома Паддзах».


Ӕмӕ сӕм ныр, цӕмӕй мӕ зылын кӕнынц, уый тыххӕй дӕм цы бавдисой, уый нӕй.


Уӕд кӕйдӕрты сардыдтой, ӕмӕ уыдон загътой: «Мах фехъуыстам, Моисей ӕмӕ Хуыцауы куыд фаудта, уый».


Мах вӕййӕм нымад ӕмӕ ӕгад, фӕдзурынц нӕ ӕвзӕр ӕмӕ хорз. Нымайынц нӕ фӕлитойтыл, мах та стӕм раст;


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ