Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Йеремиа 36:31 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

31 Йӕхи дӕр, стӕй йӕ байзӕддӕгтӕ ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты дӕр Ӕз сӕ фыдракӕндты тыххӕй бафхӕрдзынӕн. Ӕз уыдонӕн, стӕй Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн, цы бӕллӕхтӕй сӕм ӕртхъирӕн кодтон, уыдон бавзарын кӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ Мӕм нӕ хъуыстой“».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Йеремиа 36:31
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уайдзӕфтӕм хъусгӕйӕ, йӕхи чи схъӕхъхъаг кӕны, уымӕн ӕвиппайды йе сӕфт ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ йын ницыуал баххуыс кӕндзӕн.


Фӕлӕ уыдон нӕ хъуыстой ӕмӕ сӕ хъус ницӕмӕ ’рдардтой, иууылдӕр хивастӕй цардысты. Уымӕ гӕсгӕ, ацы фидыды цы ныхӕстӕ ис, ӕххӕст кӕнын сын кӕй бафӕдзӕхстон ӕмӕ кӕй не ’ххӕст кодтой, уыдон сын Ӕз иууылдӕр сарӕзтон сӕ ныхмӕ“».


Мӕ сурджытӕ фӕхудинаг уӕнт, мӕн та бахиз стыр тасӕй. Фыдбылыз сын бавзарын кӕн, уӕззау цӕфӕй сӕ басӕтт!


«Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: Ӕз ацы сахарӕн ӕмӕ, йӕ дӕлбар цы сахартӕ ис, уыдоны цӕрджытӕн цы бӕллӕхтӕ снысан кодтон, уыдон бавзарын кӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ хивӕнд сты, Мӕ ныхӕстӕм Мын нӕ хъусынц».


Ӕмӕ пехуымпартӕй, сауджынтӕй кӕнӕ адӕмӕй исчи Дунедарӕджы номӕй пехуымпариуӕг куы кӕна, уӕд ын Ӕз йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ хӕдзаронты дӕр бафхӕрдзынӕн.


уый тыххӕй Дунедарӕг зӕгъы: Ӕз нехеламаг Шемайайӕн йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ фӕстагӕтты дӕр бафхӕрдзынӕн. Йӕ байзӕддӕгтӕй уыцы адӕмы ’хсӕн ничи цӕрдзӕн, ӕмӕ, Мӕ адӕмӕн цы хорзӕх ратдзынӕн, уый Шемайа нӕ фендзӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы номӕй мӕнг ныхӕстӕ дзырдта».


Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау: «Ӕз Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн, рагацау сын цы бӕллӕхты тыххӕй загътон, уыдон бавзарын кӕндзынӕн, — Ӕз сын дзырдтон, фӕлӕ нӕ хъуыстой, сидтӕн сӕм, фӕлӕ дзуапп нӕ лӕвӕрдтой».


Цедекиа дӕр Иоакимау, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы уыди, уыдӕттыл бафтыд.


Рӕхджы дыл Ӕз ныххуырсдзынӕн Мӕ азар, ныккалдзынӕн дыл Мӕ маст. Дӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ дын стӕрхон кӕндзынӕн, дзуапп дӕ ӕрдомдзынӕн де ’лгъаг миты тыххӕй.


Мӕ цӕст дын нӕ фӕтӕригъӕд кӕндзӕн ӕмӕ дын нӕ ныббардзынӕн. Дӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ де ’лгъаг миты тыххӕй дӕ бафхӕрдзынӕн, ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн — Йӕ азары хай Чи бакӕны, Уый.


Фӕлӕ Мӕм куынӕ байхъусат ӕмӕ уын цыдӕриддӕр фӕдзӕхсын, уыдон куынӕ ӕххӕст кӕнат,


Йерусалим, Йерусалим, пехуымпарты цӕгъдӕг ӕмӕ, кӕй йӕм ӕрвитынц, уыдоны дуртӕй марӕг! Цал хатты хъавыдтӕн, маргъ йӕ лӕппынты йӕ базырты бын куыд бакӕны, афтӕ дын дӕ хъӕбулты ӕрбамбырд кӕнын, фӕлӕ сымах нӕ бафӕндыди!


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ