25 Ӕрмӕстдӕр Елнатан, Делаи ӕмӕ Гемариа паддзахӕн лӕгъстӕ кодтой, цӕмӕй чиныг ма басудза, фӕлӕ сӕм уый нӕ байхъуыста.
Ноджы ма сын загъта: «Туг ныккалынӕй уӕхи бахизут. Фӕлтау ӕй, уартӕ ӕдзӕрӕг ран цы донуат ис, уым ныппарут». Ныр ӕцӕгӕй та Рувим йӕ зӕрдӕ дардта, ӕфсымӕртӕй йӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн ӕмӕ йӕ уыдоны сусӕгӕй сӕ фыдмӕ кӕй арвитдзӕн, ууыл.
Ӕнӕхуыцауӕн йӕ хуыз къӕйных у, рӕстуд йӕ фӕндагыл фидар хӕцы.
Уӕд уӕздӕттӕ ӕмӕ ӕппӕт адӕм загътой сауджынтӕ ӕмӕ пехуымпартӕн: «Ацы лӕг маринаг нӕу, уымӕн ӕмӕ немӕ дзырдта Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, номӕй».
Паддзах Иоаким Мысырмӕ арвыста Ахборы фырт Елнатаны йӕ адӕмимӕ.
Барух Йеремиайы ныхӕстӕ Дунедарӕджы хӕдзары, нымӕрдар Гемариайы, Шафаны фырты, агъуысты хъӕлӕсыдзагӕй бакасти. Йӕ агъуыст уыди Дунедарӕджы хӕдзары Ног кулдуары бацӕуӕны раз, уӕллаг кӕрты.
Уый ныццыди паддзахы галуанмӕ, нымӕрдарты агъуыстмӕ. Уыцы рӕстӕг уым бадтысты уӕздӕттӕ: нымӕрдар Елишама, Шемайайы фырт Делаи, Ахборы фырт Елнатан, Шафаны фырт Гемариа, Хананиайы фырт Цедекиа ӕмӕ иннӕ уӕздӕттӕ се ’ппӕт дӕр.
ӕмӕ загъта: «Ӕз фӕтӕригъӕдджын дӕн, ӕназым туг кӕй ауӕй кодтон, уымӕй». Фӕлӕ йын уыдон дзуапп радтой: «Уый махмӕ нӕ хауы. Дӕхи хъуыддаг у».