Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Йеремиа 36:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 Паддзах ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ се ’ппӕт дӕр уыцы ныхӕстӕ фехъуыстой, фӕлӕ нӕ фӕтарстысты ӕмӕ сӕ дарӕстӕ фӕйнӕрдӕм нӕ арӕдывтой.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Йеремиа 36:24
20 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Рувим донуатмӕ ӕрбаздӕхти, кӕсы, ӕмӕ Йосеф уым нал. Уӕд йӕ дарӕс арӕдывта фӕйнӕрдӕм,


Йаков йӕ дарӕс фӕйнӕрдӕм арӕдывта, йӕ астӕуыл сӕхъис ӕрбатыхта ӕмӕ бирӕ бонты фӕкуыдта йӕ фыртыл.


Уӕд Давид йӕ дарӕсмӕ фӕлӕбурдта ӕмӕ фӕйнӕрдӕм арӕдывта; афтӕ бакодтой, йемӕ чи уыди, уыдон дӕр.


Фӕлӕ йын ныр Илийа цытӕ радзырдта, уыдӕттӕ куы фехъуыста, уӕд йӕ дарӕс арӕдывта фӕйнӕрдӕм ӕмӕ йӕ уӕлӕ сӕхъис скодта, куы-иу схуыссыд, уӕд дӕр-иу ӕй нӕ раласта; ком дардта ӕмӕ ӕрхӕндӕгӕй рацу-бацу кодта.


Хуыцауы тас дӕхицӕй аиуварс кодтай ӕмӕ иннӕты куывд къуылымпы кӕныс.


Давиды псалом. Фыдгӕнджытӕм ма бабӕлл, ӕнаккӕгтӕм ма хӕлӕг кӕн, —


уыдон рӕхджы бахус уыдзысты кӕрдӕгау, баруайдзысты зайӕгхалау.


Тӕхудиаг у, Ды кӕй равзӕрстай, Дӕхимӕ кӕй ӕрбаввахс кодтай, уый. Дӕ уаз Кувӕндоны, Дӕ хӕдзары мах амондджын уыдзыстӕм.


Цы ’рцыд, уый ӕппындӕр ницӕмӕ ӕрдардта, афтӕмӕй аздӕхт йӕ галуанмӕ.


О Дунедарӕг! Ды Дӕ къух бӕрзонд систай, фӕлӕ йӕ уыдон нӕ уынынц. Дӕ адӕмы сӕрыл куыд хӕцыс, уый куы феной, уӕд фӕхудинаг уыдзысты; цы арттӕрхон сӕм кӕсы, уый аныхъуырдзӕн Де знӕгты.


Паддзах Езекиамӕ скъуыдтӕ дарӕсы ӕрбаздӕхтысты Хилкиайы фырт Елиаким — паддзахы галуаны бӕрнон, Шевна — нымӕрдар, Асафы фырт Йоах — азфыссӕг ӕмӕ йын Ассирийы паддзахы ныхӕстӕ рафӕзмыдтой.


Езекиа уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд йӕ дарӕс фӕйнӕрдӕм арӕдывта, скодта сӕхъис ӕмӕ Дунедарӕджы хӕдзармӕ бацыд.


Уӕздӕттӕ ӕппӕт уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд кӕрӕдзимӕ бакастысты ӕмӕ Барухӕн загътой: «Мах хъуамӕ ацы ныхӕстӕ иууылдӕр паддзахӕн фехъусын кӕнӕм».


О Дунедарӕг! Ау, Дӕ цӕст рӕстдзинад нӕ уыны? Дӕрӕн сӕ кӕныс, фӕлӕ сӕм рыст нӕ хъары, ныццӕгъдыс сӕ, фӕлӕ зонды къахыл не ’рлӕууынц. Дуртӕй хъӕбӕрдӕр систы, фӕсмон кӕнын сӕ зӕрды нӕй!


Хабар Ниневийы паддзахмӕ байхъуысти, уый сыстад йӕ къӕлӕтджынӕй, йӕ дарӕс раласта, сӕхъис скодта йӕ уӕлӕ ӕмӕ фӕнычы сбадти.


Ниневиӕгтӕ Тӕрхоны Бон мӕрдтӕй растдзысты ацы фӕлтӕры ныхмӕ ӕмӕ йӕ базылын кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ уыдон сӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кодтой Ионӕйы пехуымпар ныхасӕй. Ныр та ам ис, Ионӕйӕ уӕлдӕр Чи у, Уый.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ