19 Уӕздӕттӕ Барухӕн загътой: «Ацу ӕмӕ Йеремиаимӕ уӕхи искуы бамбӕхсут, кӕм уыдзыстут, уый куыд ничи зона, афтӕ».
«Дӕ сӕр бафснай. Ацу скӕсӕнӕрдӕм, Иорданы фалемӕ, ӕмӕ уым къададон Кериты былгӕрон дӕхи бамбӕхс.
Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, дӕ Хуыцауӕй! Иу адӕм, иу паддзахад дӕр ахӕм нӕй, ӕмӕ мӕ хицау дӕу агурӕг кӕдӕм нӕ арвыста. Куы-иу ын загътой дӕуӕй, махмӕ нӕй, зӕгъгӕ, уӕд-иу ард бахӕрын кодта уыцы ӕмӕ уыцы адӕмӕн кӕнӕ уыцы ӕмӕ уыцы паддзахӕн, уыдонмӕ кӕй нӕ разындтӕ, ууыл.
Иезавел Дунедарӕджы пехуымпарты цӕгъдын куы райдыдта, уӕд Овадиа ӕрӕмбырд кодта сӕдӕ пехуымпары ӕмӕ сӕ дӕс ӕмӕ дыууиссӕдзгӕйттӕй фӕйнӕ лӕгӕты бамбӕхста. Уырдӕм сын хаста хӕринаг ӕмӕ дон.)
Дунедарӕг ӕм смӕсты ис, Йӕ пехуымпары йӕм арвыста, ӕмӕ йын уый загъта: «Цӕмӕн кувыс уыцы адӕмы хуыцӕуттӕм, уыдонӕн сӕ бон куы не сси сӕ адӕмы дӕ къухӕй фервӕзын кӕнын?»
Рӕстуды цинӕй алкӕй зӕрдӕ райы; ӕнӕхуыцау бӕрзонд бынатмӕ куы схизы, уӕд та адӕм ӕмбӕхсгӕ бакӕнынц.
Уӕд уӕздӕттӕ ӕмӕ ӕппӕт адӕм загътой сауджынтӕ ӕмӕ пехуымпартӕн: «Ацы лӕг маринаг нӕу, уымӕн ӕмӕ немӕ дзырдта Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, номӕй».
Паддзах йӕ фырт Йерахмеел ӕмӕ Азриелы фырт Серайӕн, стӕй Авдиелы фырт Шелемийӕн бардзырд радта, цӕмӕй пехуымпар Йеремиа ӕмӕ нымӕрдар Барухы ӕрцахсой, фӕлӕ сӕ Дунедарӕг бамбӕхста.
Ӕмӕ Амациа загъта Амосӕн: «Пехуымпар, ардыгӕй Иудӕйы зӕхмӕ ацу, уым дӕхицӕн къӕбӕрваг кус ӕмӕ уыцы ран пехуымпариуӕг кӕн.
Уыцы рӕстӕг Ӕм фарисейтӕй чидӕртӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ Йын загътой: «Дӕхи ардыгӕй ӕндӕр ранмӕ айс, уымӕн ӕмӕ Дӕ Ирод амарынмӕ хъавы».
Иууылдӕр бакастысты Гамалиилы коммӕ, фӕдзырдтой апостолтӕм ӕмӕ сӕ фӕнӕмын кодтой. Уый фӕстӕ сын тызмӕгӕй бафӕдзӕхстой, цӕмӕй Йесойы номӕй мауал дзурой, ӕмӕ сӕ рауагътой.