18 Барух сын дзуапп радта: «Йеремиа мын сӕ дзырдта, ӕз та сӕ милдонӕй тухгӕ чиныджы фыстон».
«Фыццаг хатт дӕм куы дзырдтон, Иосиайы заманӕй дын абоны онг Иудей, Израил ӕмӕ ӕппӕт адӕмты тыххӕй цыдӕриддӕр загътон, уыдон иууылдӕр тухгӕ чиныджы ныффыс.
Барух Йеремиайы ныхӕстӕм гӕсгӕ цы чиныг ныффыста, уый паддзах куы басыгъта, уӕд Дунедарӕг Йеремиайӕн загъта:
Йеремиа ӕндӕр тухгӕ чиныг райста ӕмӕ йӕ Нериайы фырт Барухмӕ радта. Ӕмӕ та Барух Йеремиайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, иудейаг паддзах Иоаким кӕй басыгъта, уыцы чиныджы цыдӕриддӕр фыст уыди, уыдон ногӕй ныффыста ӕмӕ ма йӕм бафтыдта бирӕ ахӕм ныхӕстӕ.
Йеремиа фӕсидти Нериайы фырт Барухмӕ, ӕмӕ йын, Дунедарӕг цыдӕриддӕр дзырдта, уыдон иууылдӕр тухгӕ чиныджы ныффыссын кодта.
Мӕнӕ цы загъта пехуымпар Йеремиа Нериайы фырт Барухӕн, Иудейы паддзах, Иосиайы фырт Иоакимӕн, йӕ паддзахиуӕджы цыппӕрӕм аз уый уыцы ныхӕстӕ тухгӕ чиныджы куы ныффыста, уӕд: