Йеремиа 35:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст6 Фӕлӕ мын уыдон дзуапп радтой: «Мах сӕн нӕ нуазӕм, уымӕн ӕмӕ нын нӕ фыдӕл Рехавы фырт Йонадав афтӕ бафӕдзӕхста: „Нӕдӕр уӕхӕдӕг, нӕдӕр уӕ байзӕддӕгтӕ мыггагмӕ дӕр сӕн ма бануазӕнт. အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Йегу уырдыгӕй дарддӕр Самарийы ’рдӕм куыд фӕцӕйцыд, афтӕ дын мӕнӕ йӕ ныхмӕ ӕрбацӕуы Рехавы фырт Йонадав. Йегу йын салам радта ӕмӕ йӕ бафарста: «Мӕныл дӕ зӕрдӕ куыд дарыс, афтӕ дын дӕхиуыл дӕр зӕрдӕ дарӕн ис ӕви нӕ?» Йонадав ын загъта: «О». — «Уӕдӕ дӕ къух ӕри!» Ӕмӕ йӕм Йегу уӕрдонӕй йӕ къух ралӕвӕрдта ӕмӕ йӕ сбадын кодта йӕ фарсмӕ.