Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Йеремиа 35:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Ӕрбакодтон сӕ Дунедарӕджы хӕдзармӕ, пехуымпар Хананы фыртты, Игдалиайы фырты фыртты, агъуыстмӕ. Уыцы уат уыди уӕздӕтты агъуысты цур, йӕ бынмӕ та уыди Шаллумы фырт Маасеайы, хӕдзары бацӕуӕн хъахъхъӕнӕджы, уат.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Йеремиа 35:4
35 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Хуыцау пехуымпар Шемайайӕн загъта:


Йоровам нывӕндтӕ ӕрхӕссыны охыл нывондхӕссӕны цур куыд лӕууыд, афтӕ Иудейӕ Вефилмӕ, Дунедарӕджы дзырдмӕ гӕсгӕ, ӕрбацыд иу пехуымпар, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг.


Фӕндагӕй йӕ чи раздӕхта, уыцы пехуымпар хабар куы фехъуыста, уӕд загъта: «Уый, Дунедарӕгмӕ чи нӕ байхъуыста, уыцы Хуыцауы ӕвзӕрст адӕймаг у. Дунедарӕг ӕй домбайы амӕттаг бакодта, ӕмӕ йӕ уый Дунедарӕджы дзырдӕй аргӕвста».


уӕд сылгоймаг Илийайӕн загъта: «Цы дӕ хъӕуы мӕнӕй, Хуыцауы минӕвар? Мӕ тӕригъӕдтӕ мын мӕ зӕрдыл ӕрӕфтауынмӕ ӕрбацыдтӕ ӕмӕ мӕ лӕппуйы амарынмӕ?»


Сылгоймаг ын дзуапп радта: «Ныр ӕй зонын, ды Хуыцауы минӕвар дӕ, ӕмӕ Дунедарӕджы номӕй цы дзурыс, ууыл ӕцӕгӕйдӕр ис ӕууӕндӕн».


Израилы паддзахмӕ ӕрбацыди Хуыцауы минӕвар ӕмӕ йын загъта: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: сириӕгтӕ афтӕ кӕй дзурынц, Дунедарӕг быдырты Хуыцау нӕу, фӕлӕ хӕхбӕсты Хуыцау у, зӕгъгӕ, уый тыххӕй сын се ’нӕнымӕц бардз ратдзынӕн уӕ къухтӕм, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый».


ӕмӕ йӕм арвыста фӕндзайыхицау йӕ фӕндзай хӕстонимӕ. Ныр Илийа та хохы сӕрыл бадти. Фӕндзайыхицау ӕм куы схӕццӕ ис, уӕд ын загъта: «Хуыцауы минӕвар, паддзах зӕгъы, цӕмӕй дӕлӕмӕ рацӕуай!»


Сауджын Йехода райста асыкк, йӕ сӕрыл ын хуынкъ скодта ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕны рахизфарс ӕрӕвӕрдта. Ӕмӕ-иу Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ цӕуӕг адӕм цы ӕхца ӕрбахастой, уыдон-иу кулдуар хъахъхъӕнӕг сауджынтӕ уыцы асыччы ныппӕрстой.


Невузардан ӕрцахсын кодта алчер Серайы, стӕй уымӕн йӕ хӕдивӕг Софониайы ӕмӕ ма ноджы кулдуары цур хъалагъур хӕссӕг ӕртӕ лӕджы.


Уыйадыл Нееман ацыд Иорданы былгӕронмӕ. Хуыцауы уарзон адӕймаджы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ дзы авд хатты куы нынныгъуылдис, уӕд йӕ буар сабийы буарау фестади, ссыгъдӕг ис бынтондӕр.


уӕд Гиези, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг Елисейы лӕггадгӕнӕг, загъта йӕхицӕн: «Мӕ хицау уыцы арамейаг Нееманы лӕвӕрттӕ нӕ бакуымдта, фӕлӕ сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, ӕз ӕй хъуамӕ баййафон ӕмӕ дзы исты райсон».


Ӕмӕ Израилы паддзах уырдӕм сгарджытӕ арвыста. Иу ӕмӕ йын дыууӕ хатты не сбӕззыди Хуыцауы минӕвары уынаффӕ.


Паддзах сахары кулдуары раз цӕстдарӕгӕй баурӕдта йӕ фӕсдзӕуины, фӕлӕ йӕ адӕм сӕ къӕхты бын банай кодтой, ӕмӕ амард. Афтӕмӕй, ацы ран дӕр сӕххӕст ис Хуыцауы ӕвзӕрст лӕджы ныхас.


Паддзахы фӕсдзӕуин афтӕ бакодта: «Ӕниу Дунедарӕг арвы дуӕрттӕ дӕр куы бакӕнид, уӕд уырдыгӕй исты ахӕм ӕрхауид!» Елисей йын загъта: «Дӕхи цӕстӕй сӕ фендзынӕ, фӕлӕ дзы нӕ саходдзынӕ».


Хуыцауы хӕдзары алыварс-иу баззадысты ӕхсӕвӕй райсоммӕ, уымӕн ӕмӕ уыдоны бӕрны уыди хъалагъур хӕссыны, стӕй алы райсом дуӕрттӕ гом кӕныны хъуыддаг дӕр.


Йӕ фыд Давиды фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ скодта сауджынты куысты рад, стӕй левитты куысты рад, сӕ хӕстӕм гӕсгӕ, цӕмӕй стауой Дунедарӕджы, ӕххуыс кӕной сауджынтӕн, алы боны фӕткмӕ гӕсгӕ. Ноджы ма алы кулдуары раз дӕр скодта хъахъхъӕнджыты рад, йӕ фыд Давид, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг, куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.


Чи Дзы тӕрсы, уыдоны рӕхджы фервӕзын кӕндзӕн, ӕмӕ нӕ бӕстӕйы Хуыцауы кад ӕрцӕрдзӕн.


Дунедарӕг Йеремиайӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас. Уый уыди, паддзах Цедекиа Йеремиамӕ Малкиайы фырт Пашхур ӕмӕ сауджын Софониайы, Маасеайы фырты, куы арвыста, уыцы рӕстӕг. Паддзах сын бафӕдзӕхста афтӕ зӕгъын:


Иудейаг уӕздӕттӕ уыцы хабар куы фехъуыстой, уӕд паддзахы галуанӕй Дунедарӕджы хӕдзармӕ ’рбацыдысты ӕмӕ Ног кулдуары бацӕуӕны раз ӕрбадтысты.


Ӕз фӕсидтӕн Хавацинийы фырты фырт, Йеремиайы фырт Иазанимӕ, стӕй уымӕн йе ’фсымӕртӕм, йӕ фырттӕм ӕмӕ рехавонты ӕппӕт мыггагмӕ.


Хъахъхъӕнджыты хицау уацары акодта алчер Серайы, Кувӕндоны дыккаг сауджын Софониайы ӕмӕ, Кувӕндонмӕ бацӕуӕн цы ӕртӕ лӕджы хъахъхъӕдтой, уыдоны.


Цӕгатварс кулдуары раз уыд иу агъуыст, тыргъӕй йӕм уыди дуар. Уым донӕй ныхсынц иууылсудзинаджы уӕнгтӕ.


Сӕ къӕсӕртӕ ӕвӕрдтой Мӕ къӕсӕрты цур, сӕ тарвӕзтӕ — Мӕ тарвӕзты цур ӕмӕ ӕмкъул цардысты Мемӕ. Афтӕмӕй Мын се ’наккаг митӕй ӕгад кодтой Мӕ уаз ном ӕмӕ сӕ Мӕ фыр мӕстӕй бабын кодтон.


Йӕ мӕлӕты размӕ Моисей, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг, израилӕгтӕн арфӕ ракодта.


Ды та, Хуыцауы сконд адӕймаг, дӕхи бахиз ӕппӕт уыдӕттӕй. Тырн рӕстадмӕ, Хуыцауӕн фӕндиаг цардмӕ, уырнынадмӕ, уарзтмӕ, фӕразон ӕмӕ сӕрныллӕг уӕвынмӕ.


Хуыцауы сконд адӕймаг алы хуызы ифтонг ӕмӕ алы хорз хъуыддагмӕ дӕр цӕттӕ куыд уа, афтӕ.


Иудӕйы байзӕддӕгтӕ бавдӕлдысты ӕмӕ Гилгалы бацыдысты Йешуамӕ. Иефоннейы фырт кенизаг Калев ын загъта: «Дӕхӕдӕг ӕй зоныс, Дунедарӕг Моисейӕн, Хуыцауы лӕггадгӕнӕгӕн, Кадеш-Барнеайы мӕн ӕмӕ дӕу тыххӕй цы дзырдта, уый.


Елиамӕ ӕрцыди Хуыцауы ӕрвыст лӕг ӕмӕ йын загъта: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: дӕ хӕдзарвӕндаджы фыдӕлтӕн, далӕ ма Мысыры фараонӕн цагъартӕ куы уыдысты, уӕд Мӕхи нӕ раргом кодтон, ӕви?


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ