2 «Ацу рехавонтӕм ӕмӕ сӕ ӕрбахон Дунедарӕджы хӕдзармӕ, йӕ агъуыстытӕй иумӕ, сӕ разы-иу сын сӕн ӕрӕвӕр».
Ӕфтуанагъуысты уӕлхӕдзар дӕр конд ӕрцыди кедры хъӕдӕрмӕгӕй. Кувӕндоны къултимӕ йӕ бастой кедры хъӕдӕй конд аххӕрджытӕ. Ӕфтуанагъуысты уӕладзгуытӕн сӕ бӕрзӕнд дӕр уыди фӕйнӕ фондз ӕлмӕрины.
Ӕфтуанагъуыстӕн йӕ бинаг уӕладзыгмӕ Кувӕндоны хуссарварсӕрдыгӕй уыди дуар. Бинаг уӕладзыгӕй дыккагмӕ, дыккагӕй та ӕртыккагмӕ цыди здыхсгӕ асин.
Ноджы ма Иавецы цӕрӕг софериӕгты мыггӕгтӕ: тирайӕгтӕ, шимайӕгтӕ, сухайӕгтӕ. Адон се ’ппӕт дӕр рехавонты фыдӕл Хамматы артӕй рацӕуӕг кенӕгтӕ сты.
Уыдонӕн сӕ хӕс уыди Аароны байзӕддӕгтӕн, Дунедарӕджы хӕдзары чи лӕггад кодта, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын. Сӕ бӕрны уыдысты Кувӕндоны кӕртытӕ ӕмӕ хатӕнтӕ. Се ’вджид ма сын бакодтой ӕппӕт уаз дзауматӕ сыгъдӕгӕй дарын, стӕй Хуыцауы хӕдзары иннӕ куыстытӕ дӕр кӕнын.
ноджы ма йӕм цы саразыны фӕндтӕ уыди, уыдӕтты хахныв дӕр: Дунедарӕджы хӕдзары кӕртытӕн, йӕ алыварс ӕппӕт хатӕнтӕн, Хуыцауы хӕдзары хӕзнадӕттӕн ӕмӕ уаз хӕзнаты ӕвӕрӕнтӕн.
Цыппар сӕйраг хъахъхъӕнӕджы та ӕдзух уыдысты сӕ бӕрнон куысты лӕуд. Адонӕн, левиттӕн, сӕ бӕрны уыдысты Хуыцауы хӕдзары хатӕнтӕ ӕмӕ хӕзнатӕ.
Зарӕггӕнджытӕ, левитты мыггӕгты хистӕртӕ, цардысты Кувӕндоны хатӕнты. Иннӕ куыстытӕй уыдысты сӕрибар, уымӕн ӕмӕ ӕхсӕв дӕр ӕмӕ бон дӕр ӕххӕст кодтой, сӕ бӕрны чи уыд, уыцы куыст.
Сыгъзӕрин зӕгӕлтӕн сӕ уӕз уыди фӕндзай шекелы. Уӕллаг уӕттӕ дӕр иууылдӕр састӕрдта сыгъзӕринӕй.
Уӕд Езекиа бафӕдзӕхста, цӕмӕй Дунедарӕджы Кувӕндоны къӕбицтӕ ӕрцӕттӕ кӕной, ӕмӕ йын сӕххӕст кодтой йӕ бардзырд.
Уӕдӕ сӕ цӕсты гагуыйау хъахъхъӕнут, цалынмӕ сӕ сауджынтӕ ӕмӕ левитты хистӕртӕм ӕмӕ Израилы мыггӕгты хистӕртӕм Йерусалимы, Дунедарӕджы хӕдзары, хӕзнадонмӕ барст-нымадӕй раттат, уӕдмӕ.
рахицӕн кодта стыр уат; уӕды онг дзы ӕфснайдтой хойраджы хуынтӕ, буд ӕмӕ мигӕнӕнтӕ, ноджы ма левиттӕ, зарӕггӕнджытӕ ӕмӕ дуаргӕстӕм ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цы хойраг хауди, уый, сӕн ӕмӕ сойы дӕсӕймаг хӕйттӕ, стӕй, сауджынтӕн кӕй хастой, уыцы хуынтӕ.
Ӕз фӕсидтӕн Хавацинийы фырты фырт, Йеремиайы фырт Иазанимӕ, стӕй уымӕн йе ’фсымӕртӕм, йӕ фырттӕм ӕмӕ рехавонты ӕппӕт мыггагмӕ.
Ӕрбакодтон сӕ Дунедарӕджы хӕдзармӕ, пехуымпар Хананы фыртты, Игдалиайы фырты фыртты, агъуыстмӕ. Уыцы уат уыди уӕздӕтты агъуысты цур, йӕ бынмӕ та уыди Шаллумы фырт Маасеайы, хӕдзары бацӕуӕн хъахъхъӕнӕджы, уат.
Махӕн нӕ фыдӕл Йонадав, Рехавы фырт, цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уыдон иууылдӕр ӕххӕст кӕнӕм: никуы нуӕзтам сӕн — нӕдӕр нӕ устытӕ, нӕдӕр нӕ фырттӕ ӕмӕ нӕ чызджытӕ, нӕдӕр нӕхӕдӕг,
Мидкулдуар фӕрссаг хатӕнтӕн сӕхиуыл дӕр ӕмӕ сӕ къуыпп цӕджындзгӕндтыл дӕр уыди рудзгуытӕ, се ’ппӕтыл дӕр; тыргъты дӕр алырдыгӕй — рудзгуытӕ, цӕджындзты цъуппытыл та — пальмӕтӕ.