Йеремиа 35:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст14 Рехавы фырт Йонадавы байзӕддӕгтӕ ӕххӕст кӕнынц сӕ фыдӕлы фӕдзӕхстытӕ: абон онг йӕ фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ сӕн нӕ нуазынц. Сымах та Мӕм, кӕд ӕмӕ уын ӕрвылбон дзырдтон, уӕддӕр нӕ хъуыстат. အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Куы уӕм-иу ӕрцыдтӕн, уӕд-иу уӕ Мӕ размӕ куыд ничи рацыд? Куы уӕм-иу бадзырдтон, уӕд-иу Мын дзуапдӕттӕг куыд ничи фӕцис? Сымах ӕнхъӕл стут, ӕмӕ Мӕ къух фӕцыбыр ис, Ӕз сӕдых дӕн ӕмӕ сымах фервӕзын кӕнынхъом нал дӕн. Фӕлӕ Ӕз Ме ’ртхъирӕнӕй басур кӕнын денджыз, цӕугӕдӕттӕ фестын кӕнын сыгъд быдыр, ӕмӕ сӕ кӕсӕгтӕ бамбийынц ӕнӕ донӕй, дойныйӕ ныххӕдмӕл вӕййынц.