Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Йеремиа 34:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Уыцы рӕстӕг вавилойнаг паддзахы ’фсад хӕцыди Йерусалимы, стӕй, Иудейы сахартӕй ма чи аирвӕзт, уыдоны, Лахиш ӕмӕ Азекайы, ныхмӕ. Ӕрмӕст ма ацы дыууӕ сахарӕн сӕ бырутӕ нӕ басастой.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Йеремиа 34:7
18 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йерусалимы Амациайы ныхмӕ скодтой сусӕгвӕнд. Уый Лахишмӕ алыгъд, фӕлӕ йын йӕ фӕдыл марджытӕ арвыстой, ӕмӕ йӕ уыдон уым амардтой.


Ассирийы паддзахы дзагдар аздӕхт ӕмӕ йӕм фӕндагыл фӕхабар чындӕуыд, Санхериб Лахишы сахар ныууагъта, зӕгъгӕ. Йӕ паддзахы баййӕфта, Ливнӕйы сахарыл куы ӕрхъула кодта, уӕд.


Иудейы хӕхбӕсты дӕр сахартӕ сарӕзта, хъӕдты та — фидӕрттӕ ӕмӕ мӕсгуытӕ.


Ассирийы паддзах Лахишӕй Йерусалиммӕ паддзах Езекиамӕ бирӕ ӕфсадимӕ арвыста йӕ хистӕр дзагдары. Уый ӕрлӕууыди, Чъырӕйцӕгъдӕджы быдырмӕ фӕндагыл Уӕллаг цадӕй цы дондзӕуӕн цӕуы, уый дзыхмӕ.


Ӕмӕ уӕд Иудейы сахартӕ ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ, хӕрздӕфгӕнӕнтӕ цы хуыцӕуттӕн судзынц, уыдонмӕ дзыназдзысты, фӕлӕ сын бӕллӕхы заман уыдон ницӕмӕй феххуыс уыдзысты.


Вавилоны паддзах Навуходоносор йе ’фсадимӕ ӕмӕ, кӕй басаста, уыцы паддзахӕдтӕ ӕмӕ адӕмтимӕ Йерусалим ӕмӕ йӕ алыварс сахартыл куы ’рхъула кодта, уыцы заман Дунедарӕг Йеремиайӕн загъта:


Фехъусын кӕнут Иудейы, расидут Йерусалимы! Ӕгас бӕстӕйы сыкъауадындзтӕй уасут, хъӕлӕсыдзагӕй хъӕр кӕнут: „Цомут ӕмӕ бырухгӕд сахартӕм алидзӕм!“


«Цӕмӕн кӕнӕм фӕстиат? Ӕрӕмбырд ут, бырутӕй ӕхгӕд сахартӕм фӕлидзӕм ӕмӕ уым ӕнцой ссарӕм нӕхицӕн! Фесафын нӕ сфӕнд кодта Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, маргджын дон нын дары, уымӕн ӕмӕ Йӕ разы тӕригъӕдтӕ фӕкодтам.


Лахишы цӕрӕг, дӕ бӕхтӕ уӕрдоны сифтындз! Сионы чызгӕн йӕ тӕригъӕдтӕ дӕуӕй райдыдтой! Израилы фыдракӕндты аххосджын ды дӕ!


Уыдон уӕ уынгӕг кӕндзысты уӕ бӕстӕйы алы сахары дӕр, цалынмӕ, уӕ зӕрдӕ кӕуыл лӕууы, уыцы бӕрзонд ӕмӕ фидар гӕнӕхтӕ ӕрызгъӕлой, уӕдмӕ. Ӕрхъула кӕндзысты, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн кӕй радта, уыцы бӕстӕйы алы сахарыл дӕр.


Уымӕ гӕсгӕ Йерусалимы паддзах Адони-Цедек Хевроны паддзах Хохаммӕ, Йармуты паддзах Пираммӕ, Лахишы паддзах Йафиамӕ ӕмӕ Еглоны паддзах Девирмӕ фӕфӕдис:


Ӕмӕ амораг фондз паддзахы — Йерусалимы паддзах, Хевроны паддзах, Йармуты паддзах, Лахишы паддзах, Еглоны паддзах — се ’фсӕдтӕ ӕрбамбырд кодтой ӕмӕ Гивоныл ӕртыхстысты.


Йармуты паддзах, Лахишы паддзах,


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ