Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Йеремиа 34:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 сӕ мӕлӕтмӕ чи бӕллы, уыцы знӕгты къухмӕ ратдзынӕн, сӕ мӕрдтӕ уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ зӕххон сырдтӕн холы суыдзысты.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Йеремиа 34:20
25 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йоровамы адӕмӕй сахары мидӕг чи амӕла, уыдон куыйты хӕринаг бауыдзысты, фӕссахар чи амӕла, уыдоны та тугдзых мӕргътӕ бахӕрдзысты“. Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг.


Баасайы мыггагӕй сахары мидӕг чи амӕла, уыдон куыйты хӕринаг бауыдзысты, фӕссахар чи амӕла, уыдоны та тугдзых мӕргътӕ бахӕрдзысты».


Фехъус нӕ, Хуыцау, Израилы Фыййау, фосы дзугау Йосефы байзӕддаджы Йӕ фӕдыл Чи кӕны, Уый! О Херувимтыл Ӕнцайӕг, раргом нӕм кӕн Дӕхи!


Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Анатоты цӕрджыты тыххӕй, дӕ мӕлӕтмӕ дын чи бӕллы ӕмӕ дын афтӕ чи дзуры: «Дунедарӕджы номӕй пехуымпариуӕг ма кӕн, науӕд дӕ амардзыстӕм».


Мӕ исбоны алыварс тугдзых мӕргътӕ ӕрӕмбырд сты, цыма хъулон тугдзых маргъ у, уыйау. Цӕугӕут ӕмӕ ӕппӕт быдираг сырдты ӕрӕмбырд кӕнут! Уадз ӕмӕ Мын аныхъуырой Мӕ исбон!


«Хъизӕмӕрттимӕ амӕлдзысты, цӕссыг дӕр сыл ничи ӕркалдзӕн ӕмӕ сӕ ныгӕнгӕ дӕр нӕ бакӕндзысты, фаджысау баззайдзысты уӕлӕуыл. Кард ӕмӕ стонгӕй бабын уыдзысты, сӕ мӕрдтӕ уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ зӕххон сырдтӕн холы суыдзысты».


Ӕз ацы ран Иудей ӕмӕ Йерусалимӕн сӕ фӕндтӕ ӕнӕпайда фӕкӕндзынӕн, се знӕгты раз сӕ кардӕй ныццӕгъддзынӕн, сӕ мӕлӕтмӕ чи бӕллы, уыдоны къухтӕй. Сӕ мӕрдтӕ сын уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ зӕххон сырдтӕн холыйӕн ратдзынӕн.


Уый фӕстӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — Иудейы паддзах Цедекиа ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты, стӕй ӕппӕт адӕмы — ацы сахары кард, рын ӕмӕ стонгӕй чидӕриддӕр аирвӕзти, уыдоны — иууылдӕр вавилойнаг паддзах Навуходоносоры ӕмӕ, сӕ мӕлӕтмӕ цы знӕгтӕ бӕллынц, уыдоны къухтӕм ратдзынӕн. Паддзах сӕ карды амӕттаг бакӕндзӕн, нӕ сыл бацауӕрддзӕн, нӕ сын ныббардзӕн ӕмӕ сын нӕ батӕригъӕд кӕндзӕн“.


Дӕ мӕлӕтмӕ чи бӕллы ӕмӕ кӕмӕй тӕрсыс, уыдоны Вавилоны паддзах Навуходоносор ӕмӕ халдейӕгты къухтӕм ратдзынӕн.


Паддзах Цедекиа сусӕгӕй расомы кодта Йеремиайӕн: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, цард нын Чи радта, Уымӕй! Нӕ дӕ амарын кӕндзынӕн ӕмӕ, дӕ мӕлӕтмӕ чи бӕллы, уыдоны къухтӕм дӕр дӕ нӕ ратдзынӕн».


Ривлайы сахары вавилойнаг паддзах Цедекиайӕн йӕ фыртты амарын кодта йӕхи раз, иудейаг уӕздӕтты се ’ппӕты дӕр ныццагъта.


О, удхарӕй кӕй амардтой, уыцы зӕхх! Цы кӕндзынӕ ды та? Дӕхи-иу сӕнт сырх ӕмӕ сыгъзӕрин дарӕстӕй сфӕлыстай, сахуырстай-иу дӕ цӕстытӕ. О, дзӕгъӕлы-иу сфӕлыстай дӕхи! Дӕ хӕзгултӕ дыл ӕлгъ кӕнынц, дӕ мӕлӕтмӕ бӕллынц».


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ӕз Мысыры паддзахы, фараон Хофрайы, йӕ мӕлӕтмӕ цы знӕгтӕ бӕллынц, уыдоны къухмӕ ратдзынӕн. Иудейаг паддзах Цедекиайы дӕр, йӕ мӕлӕтмӕ чи бӕллыд, уыцы знаджы, Вавилоны паддзах Навуходоносоры къухмӕ афтӕ радтон».


Ӕз, сӕ мӕлӕтмӕ чи бӕллы, уыцы знӕгты раз еламӕгтыл фыр тӕссӕй ризӕг бахӕцын кӕндзынӕн, фыдбылыз сыл бафтаудзынӕн, Мӕ судзгӕ маст сыл ныккалдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — кардимӕ сӕ сурдзынӕн, цалынмӕ сӕ бынтон фесафон, уӕдмӕ.


Ацы адӕмы мӕрдтӕ уӕларвон мӕргътӕн ӕмӕ зӕххон сырдтӕн холлаг суыдзысты, ӕмӕ сӕ иуварс асурӕг нӕ уыдзӕн.


Уымӕн ӕмӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Ӕнӕуынон дын чи у ӕмӕ ӕлгъгӕнгӕ дӕхи кӕуыл атигъ кодтай, уыдоны къухтӕм дӕ дӕттын.


Нилы ӕппӕт кӕсӕгтимӕ дӕ фехсдзынӕн ӕдзӕрӕг ран, тыгъд быдыры, ӕмӕ дыл уым ничи бамӕт кӕндзӕн, ничи дӕ баныгӕндзӕн. Хъӕддаг сырдтӕн ӕмӕ мӕргътӕн дӕ бахӕрын кӕндзынӕн.


Ӕз дӕ тыгъд быдыры фехсдзынӕн зӕххыл, ӕмӕ-иу дыл ӕрбаддзысты алы тӕхгӕ мӕргътӕ, сӕхи дӕ ӕфсаддзысты алы хъӕддаг сырдтӕ.


Уӕ мӕрдтыл уын тӕхаг мӕргътӕ ӕмӕ зӕххон сырдтӕ ӕмбырдтӕ кӕндзысты, ӕмӕ сӕ асурӕг нӕ уыдзӕн.


стӕй йын афтӕ: «Рауай-ма, ӕз дын дӕ мард тугдзых мӕргътӕ ӕмӕ сырдтӕн раттон».


Абон дӕ Дунедарӕг мӕ къухмӕ дӕтты. Амардзынӕн дӕ, дӕ сӕр дын ракӕндзынӕн ӕмӕ дӕ мард дӕр ӕмӕ филистимаг ӕфсады мӕрдтӕ дӕр тугдзых мӕргътӕ ӕмӕ сырдтӕн ратдзынӕн. Уадз ӕмӕ ӕппӕт дуне дӕр базона, Израилӕн Хуыцау кӕй ис, уый.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ