Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Йеремиа 34:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Фӕлӕ уый фӕстӕ сӕ фӕнд аивтой ӕмӕ, кӕй ауагътой, уыцы цагъарты раздӕхтой, фӕстӕмӕ та сӕ цагъайрӕгтӕ скодтой.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Йеремиа 34:11
25 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йӕ хоры нӕмыг цӕссыгкалгӕйӕ чи байтыдта, уыдон цины зарджытимӕ исдзысты сӕ тыллӕг!


Дунедарӕгыл дӕ зӕрдӕ дар ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕ араз; цӕр зӕххыл иузӕрдионӕй.


Фӕлӕ фараон куы федта, фыдбылызӕй фервӕзти, уый, уӕд йӕ зӕрдӕ ныддур кодта ӕмӕ та, Дунедарӕг сын куыд дзырдта, афтӕ нӕ байхъуыста Моисей ӕмӕ Ааронмӕ.


Фараон Моисей ӕмӕ Ааронмӕ басидт ӕмӕ сын загъта: «Дунедарӕгӕн балӕгъстӕ кӕнут, цӕмӕй мын мӕхи ӕмӕ мӕ адӕмы ацы галхӕфсытӕй фервӕзын кӕна. Уӕд израилӕгты ауадздзынӕн Дунедарӕгӕн нывӕндтӕ ӕрхӕссынмӕ».


Балӕгъстӕ кӕнут Дунедарӕгӕн, ӕмӕ кӕрон уа Йӕ ӕрвнӕрд ӕмӕ Йӕ ихӕн. Ӕз уӕ уадзын, нал уӕ бауромдзынӕн».


Куыдз йӕ омдзӕгтӕм куыд раздӕхы, афтӕ зондцух дӕр йе ’рра митӕ нӕ фӕуадзы.


Фыдгӕнджытӕн сӕ тӕрхоны заман тагъд не ’рцӕудзӕн, фыдбылызтӕ кӕнынӕй дӕр уымӕн нӕ тӕрсынц.


Уӕздӕттӕ, стӕй фидыд чи сарӕзта, уыцы адӕм се ’ппӕт дӕр сӕ цагъарты суӕгъд кӕныныл ӕмӕ сӕ уацары мауал дарыныл сразы сты.


Ӕмӕ Дунедарӕг Йеремиайӕн загъта:


Фӕлӕ уый фӕстӕ уӕ фӕнд аивтат ӕмӕ Мын Мӕ ном сӕгад кодтат. Алчидӕр уӕ ауагъта йӕ цагъарты, цӕмӕй, кӕдӕм сӕ фӕнды, уырдӕм цӕуой, фӕлӕ сӕ фӕстӕмӕ раздӕхтат ӕмӕ та сӕ ногӕй уӕхицӕн цагъайрӕгтӕ скодтат.


Ӕз иудейаг паддзах Цедекиа ӕмӕ йӕ уӕздӕтты, сӕ мӕлӕтмӕ чи бӕллы, уыцы знӕгты амӕттаг бакӕндзынӕн, уӕ зӕххӕй чи аздӕхт, уыцы вавилойнаг ӕфсады къухмӕ сӕ ратдзынӕн.


Фараоны ӕфсад рацыди Мысырӕй, ӕмӕ, Йерусалимыл цы халдейӕгтӕ ӕрхъула кодтой, уыдон уый куы фехъуыстой, уӕд сахарӕй аздӕхтысты.


Цы дын бакӕнон, Ефрем? Цы дын бакӕнон, Иудӕ? Райсомы мигъ ӕваст куыд фӕцыдӕр вӕййы ӕмӕ сӕууон ӕртӕх куыд тагъд ӕрбайсӕфы, уый ӕнгӕс у уӕ рӕстад.


Се ’ргом здахынц, фӕлӕ Иууылбӕрзондмӕ нӕ! Чи ныззылын ӕмӕ йӕ мысаныл чи нӕ сӕмбӕлы, ахӕм фаты хуызӕн систы. Сӕ къӕйных ныхӕсты тыххӕй се ’лдӕрттӕ карды амӕттаг бауыдзысты, ӕмӕ сыл мысырӕгтӕ сӕхи худӕгӕй хӕсдзысты.


стӕй, Дунедарӕгмӕ йӕ чъылдым чи раздӕхта, чи Йӕ нӕ агуры ӕмӕ Йӕ чи нӕ фӕрсы, уыдоны.


Абон равдыстай, хорз мын кӕй кӕныс, уый — Дунедарӕг мӕ дӕ къухтӕм лӕвӕрдта, фӕлӕ мӕ ды нӕ амардтай.


Саул ын загъта: «Ӕз фӕтӕригъӕдджын дӕн. Давид, мӕ хъӕбул, аздӕх фӕстӕмӕ, ницӕмӕйуал дӕ бафхӕрдзынӕн, уымӕн ӕмӕ мын абон зынаргъыл банымадтай мӕ цард. Ӕнӕзонд митӕ кодтон ӕмӕ тынг фӕрӕдыдтӕн».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ