Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Йеремиа 33:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, ацы сахары хӕдзӕртты ӕмӕ иудейаг паддзӕхты галуанты, фыдгулты кардӕй чи ныппырх уыдзӕн, уыдоны тыххӕй зӕгъы:

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Йеремиа 33:4
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йерусалимы хӕдзӕрттӕй-иу, фехалӕн дзы кӕй уыд, ахӕмтӕ равзӕрстат ӕмӕ-иу сӕ фехӕлдтат, цӕмӕй сын сӕ хӕлддзӕгтӕй сахары быру бампъузат.


Кӕут Мӕ адӕмы хуымтыл: каконтӕ ӕмӕ сындзыты бын фӕуыдзысты. Кӕут, уымӕн ӕмӕ хӕдзӕртты бамыр уыдзӕни цин, сахары мидӕг хъӕлдзӕгӕн йӕ кой, йӕ хъӕр дӕр нал уыдзӕн.


Уымӕн ӕмӕ галуан дӕр сафтид, сахар дӕр федзӕрӕг уыдзӕн. Ныккӕлдзысты Офел ӕмӕ хъахъхъӕнӕн мӕсыг, ӕмӕ дзы мыггагмӕ ӕрбынат кӕндзысты хъӕддаг хӕрджытӕ, ривӕд дзы кӕндзысты фосы дзугтӕ,


Сыджытбырутӕ бахӕццӕ сты сахармӕ, бацахсдзысты йӕ. Халдейӕгтӕ сахарыл ӕрхъула кодтой, ӕмӕ сӕ къухмӕ бахаудзӕн, кард, стонг ӕмӕ рынӕй йӕ басӕтдзысты. Рагацау цы загътай, уый сӕххӕст ис, ӕмӕ ныр Дӕхӕдӕг уый уыныс.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: «Бӕлӕстӕ акалут ӕмӕ Йерусалимы ныхмӕ хӕцынӕн саразут бырутӕ. Ацы сахар баййафдзӕн ӕфхӕрд, уымӕн ӕмӕ байдзаг ис ӕфхӕрдӕй.


Йӕ нывондхӕссӕн фехста, Йӕ Кувӕндонмӕ нал цӕуы ӕмгӕрон. Сионы галуантӕ фыдгулты къухтӕм радта, сӕ уынӕр хъуысы Дунедарӕджы хӕдзарӕй, — бӕрӕгбон сын у ныр!


Йӕ рахиз къухӕй Йерусалимы хал сисдзӕн. Йерусалимы раз ӕрӕвӕрдзӕн йӕ сисфӕлдахӕн гӕрзтӕ. Тохы хъӕр ныккӕндзӕн ӕмӕ сисфӕлдахӕн гӕрзтӕ байсдзӕн кулдуары цурмӕ, йӕ батонынмӕ. Сахары ныхмӕ самайдзӕн сыджытбыру ӕмӕ хӕцӕн мӕсыг сараздзӕн.


Уый карды амӕттаг бакӕндзӕни, денджызгӕрӕтты дын цы дӕлбар сахартӕ ис, уыдон, дӕ ныхмӕ дын сараздзӕни хӕцӕн мӕсгуытӕ ӕмӕ самайдзӕни сыджытбыру, ӕрӕвӕрдзӕн цӕлхытыл тулгӕ стыр уартытӕ.


Стӕй йыл ӕрхъула кӕн, йӕ ныхмӕ йын хӕцӕн мӕсыг сараз, сыджытбыру самай, хӕстон асадӕн скӕн йӕ ныхмӕ ӕмӕ йын йӕ алыварс сисфӕлдахӕн сармадзантӕ ӕрӕвӕр.


Хъазынц паддзӕхтӕй, хынджылӕг кӕнынц бӕстыхицӕуттӕй, худынц фидӕрттыл. Сыджытбырутӕ саразынц ӕмӕ сӕ басӕттынц.


Акалут ӕрмӕстдӕр, йӕ дыргъ хӕрынӕн кӕмӕн нӕ бӕззы, уыцы бӕлӕстӕ ӕмӕ сӕ спайда кӕнут сахары ныхмӕ, цалынмӕ басӕтта, уӕдмӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ