Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Йеремиа 33:26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

26 афтӕ Ме ’ргом нӕ аздахдзынӕн Йаков ӕмӕ Мӕ цагъар Давиды байзӕддӕгтӕй, цӕмӕй Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковы фӕстагӕттӕй паддзах мауал равзарон, уый тыххӕй. Уымӕн ӕмӕ сӕ Ӕз уацарӕй раздахдзынӕн ӕмӕ сын ныххатыр кӕндзынӕн».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Йеремиа 33:26
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Иудӕ паддзахы лӕдзӕгӕй ӕнӕхай нӕ фӕуыдзӕн, йӕ байзӕддаг паддзахы бадӕнӕй нӕ фӕхаудзӕн, цалынмӕ, паддзахы бартӕ Кӕмӕ сты, Уый не ’рцӕуа, ӕмӕ адӕмтӕ Йӕ дӕлбар не суой, уӕдмӕ.


Мӕнӕ адон сты, Вавилоны паддзах Навуходоносор йемӕ уацары кӕй акодта ӕмӕ фӕстӕмӕ Йерусалиммӕ ӕмӕ Иудеймӕ — алчи йӕхи сахармӕ — чи ӕрыздӕхти, нӕ уыцы ӕмбӕстӕгтӕ.


Сауджынтӕ дӕр, левиттӕ дӕр, адӕм дӕр, уадынгӕрзтыл цӕгъдджытӕ ӕмӕ зарӕггӕнджытӕ дӕр, дуаргӕстӕ дӕр, Кувӕндоны кусджытӕ дӕр ӕрбынӕттон сты сахарты ӕмӕ сӕ алфамбылӕйтты. Израил иууылдӕр сӕ сахарты цӕрын райдыдтой.


Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Сарӕзта йӕ Соломон. Дунедарӕг Йӕхӕдӕг хӕдзар аразынмӕ куынӕ бавнала, уӕд аразджыты фыдӕбон хӕрз дзӕгъӕлы у. Дунедарӕг Йӕхӕдӕг сахар куынӕ хъахъхъӕна, уӕд дзӕгъӕлы лӕууынц цырддзастӕй йӕ хъахъхъӕнджытӕ.


Йӕ кӕрон ӕрӕввахс, бирӕ рӕстӕг ын нал ис. Дунедарӕг фӕтӕригъӕд кӕндзӕн Йаковы байзӕддагӕн, ногӕй та равзардзӕн Израилы адӕмы, сӕ зӕхмӕ сӕ ӕрбаздахдзӕн. Ӕндӕрбӕстӕгтӕ сӕм ӕнгом балӕудзысты ӕмӕ баиу уыдзысты семӕ.


Мӕ маст дӕм куы ссыгъди, уӕд дыл Мӕхи атигъ кодтон, фӕлӕ дын ныр мыггагмӕ ныббардзынӕн. Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, дӕ Ирвӕзынгӕнӕг.


Цӕугӕ ӕмӕ фехъусын кӕн цӕгаты: „Израилы чызг, гадзрахатӕй рацӕуӕг, раздӕх! — зӕгъы Дунедарӕг. — Мӕ маст дыл нӕ ныккалдзынӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз хӕрзаудӕнгӕнаг дӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ ӕнусмӕ нӕ мӕсты кӕндзынӕн.


«Ау, Ефрем Мӕ зынаргъ фырт нӕу? Ау, Мӕ уарзон хъӕбул нал у? Фыдбылызтӕ йын арӕх ӕвзарын кодтон, фӕлӕ Мӕ рох нӕу. Мысын ӕй, ныххатыр ын кӕндзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, боныгон рухс кӕнынӕн хур Чи радта, мӕй ӕмӕ стъалытӕн, цӕмӕй ӕхсӕвыгон рухс кӕной, уый тыххӕй уагӕвӕрдтӕ Чи скодта, денджызы уылӕнтӕ гуыр-гуыр куыд кӕной, афтӕ Чи сызмӕнты, Йӕ ном Уӕларвӕфсады Бардарӕг Кӕмӕн у:


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Бӕрзонд арвӕн сбарӕн куыд нӕй, зӕххы бындуртӕн — басгарӕн, афтӕ Ӕз дӕр Израилы байзӕддӕгты сӕ хъуыддӕгты тыххӕй Мӕхицӕй никуы аппардзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг.


«Ацы адӕм цы ныхӕстӕ кӕнынц, уый нӕ хъусыс? Уыдон дзурынц: „Дунедарӕг цы дыууӕ хӕдзарвӕндаджы равзӕрста, уыдонӕй Йе ’ргом аздӕхта“. Уымӕ гӕсгӕ Мӕ адӕмыл ӕлгъ кӕнынц ӕмӕ сӕ цӕсты адӕмыл нымад дӕр нал сты».


Фӕлӕ Дунедарӕг зӕгъы: «Ныр уацарӕй суӕгъд кӕндзынӕн Йаковы байзӕддаджы, фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн ӕппӕт Израилы адӕмӕн ӕмӕ Мӕ уаз ном фегад кӕнын нал бауадздзынӕн.


Иудӕйы байзӕддаг та хатыргонд уыдзысты, ӕмӕ сӕ Ӕз фервӕзын кӕндзынӕн — кард, ӕрдын, хӕст, бӕхтӕ ӕмӕ барджыты фӕрцы нӕ, фӕлӕ Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, хъаруйӕ».


Мӕхицӕн ӕй байтаудзынӕн зӕххы, ӕмӕ уӕд Ӕнӕхатыргондӕн ныббардзынӕн. Мӕн чи нӕу, уыцы адӕмӕй Ӕз зӕгъдзынӕн «Мӕ адӕм», уыдон та Мын зӕгъдзысты: «Ды — нӕ Хуыцау».


Ӕз Иудӕйы байзӕддӕгты сфидар кӕндзынӕн, Йосефы хӕдзарӕн ирвӕзындзинад ратдзынӕн ӕмӕ сӕ раздахдзынӕн, уымӕн ӕмӕ сын ныххатыр кодтон. Цыма сӕ никуы ныууагътон, афтӕ уыдзысты, уымӕн ӕмӕ Ӕз сӕ Дунедарӕг Хуыцау дӕн ӕмӕ сӕ фехъусдзынӕн.


Уымӕн ӕмӕ Хуыцау ӕппӕт адӕмы хивӕнддзинадӕн уацайрӕгтӕ скодта, цӕмӕй ныббара се ’ппӕтӕн дӕр.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ