Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Йеремиа 33:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 уӕд Мӕ цагъар Давидимӕ ӕмӕ, Мӕ разы лӕггад чи кӕны, уыцы левиттимӕ цы фидыд сфидар кодтон, уый дӕр фехалӕн ис, ӕмӕ Давидӕн, йӕ паддзахы бадӕны хицауиуӕг чи кӕна, ахӕм байзӕддӕгтӕ нал уыдзӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Йеремиа 33:21
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Хуыцауы раз ахӕм нӕу мӕ хӕдзарвӕндаг?! Мыггагмӕйы Фидыд Уый сарӕзта мемӕ, ӕнӕфехалгӕ ӕмӕ ӕнаивгӕ! Исты нӕ кӕнын ӕдзух ӕз уӕлахиз? Исты мӕ алы фӕнд къухы нӕ бафты?


Фӕлӕ Дунедарӕджы Давиды мыггаг фесафын нӕ фӕндыд, кӕддӕр Давидимӕ кӕй сарӕзта, уыцы фидыды сӕраппонд. Уый Давидӕн зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ байзӕддӕгтӕн сӕ зынг мыггагмӕ кӕй нӕ ахуысдзӕн, уымӕй.


уӕд дын дӕ паддзахы бадӕн сфидар кӕндзынӕн, кӕддӕр дӕ фыд Давидимӕ цы фидыд сарӕзтон, уымӕ гӕсгӕ. Ӕз ын загътон: „Дӕ байзӕддӕгтӕ кӕддӕриддӕр Израилы паддзахиуӕг кӕндзысты“.


Ӕрбайхъусут Мӕм ӕмӕ Мӕм ӕрбацӕут! Кӕсут Мӕ коммӕ ӕмӕ цӕрат! Ӕз мыггагмӕ бафидаудзынӕн уемӕ ӕмӕ, Давидӕн зӕрдӕ цы хорзӕхтӕй бавӕрдтон, уыдон бахай кӕндзынӕн сымахӕн дӕр.


Цы ног арв ӕмӕ ног зӕхх сфӕлдисон, уыдон ӕдзух Мӕ цӕсты раз куыд уыдзысты, уыйау уӕ байзӕддӕгтӕ дӕр ӕмӕ уӕ ном дӕр. Уый уын зӕгъын Ӕз — Дунедарӕг.


Сауджын левиттӕ кӕддӕриддӕр Мӕ разы иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ ӕрвылбоны нывӕндтӕ хӕсдзысты, хойраджы хуынтӕ Мын судздзысты».


Ӕмӕ йын лӕвӕрд ӕрцыдысты хицаудзинад, кад ӕмӕ паддзахад. Ӕппӕт адӕмтӕ, адӕмыхӕттытӕ ӕмӕ алы ’взӕгтыл дзурджытӕ ӕрзоныг кодтой Йӕ разы. Йӕ хицаудзинад ӕнусон у, ӕмӕ Йӕ паддзахад сӕфтмӕ никуы ӕрцӕудзӕн.


Арв ӕмӕ зӕхх нал уыдзысты, Мӕ ныхӕстӕ та мыггагмӕ дӕр уыдзысты сӕ тыхы.


Скодтай сӕ паддзӕхтӕ, нӕ Хуыцауӕн лӕггадгӕнджытӕ, ӕмӕ паддзахиуӕг кӕндзысты зӕххыл».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ