Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Йеремиа 33:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Сауджын левиттӕ кӕддӕриддӕр Мӕ разы иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ ӕрвылбоны нывӕндтӕ хӕсдзысты, хойраджы хуынтӕ Мын судздзысты».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Йеремиа 33:18
21 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уӕдӕй фӕстӕмӕ иудадзыг хӕссын райдыдтой ӕрвылбоны иууылсудзинаг нывонд, хастой нывӕндтӕ алы мӕйноджы дӕр ӕмӕ Дунедарӕджы алы сыгъдӕг бӕрӕгбоны дӕр, уымӕй уӕлдай ма кувджытӕй алчидӕр Дунедарӕджы номыл хаста бархийы нывӕндтӕ.


уыдоны Ӕз се ’ппӕты дӕр фӕхондзынӕн Мӕ уаз хохмӕ. Мӕ кувӕн хӕдзары сын балӕвар кӕндзынӕн цин ӕмӕ Мын барст уыдзысты, Мӕ нывондхӕссӕныл Мын цы иууылсудзинӕгтӕ ӕрхӕссой ӕмӕ Мын цы кусӕрттӕ акӕной, уыдон. Ӕмӕ Мын уӕдӕй фӕстӕмӕ адӕмтӕ Мӕ Хӕдзар хондзысты ӕппӕт адӕмты кувӕн хӕдзар».


Уӕхӕдӕг та суыдзыстут Дунедарӕджы нымад сауджынтӕ, нӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ. Адӕмты хъӕздыгдзинӕдтӕ уыдзысты уӕхи, иууылдӕр уыдзысты сымах.


Дунедарӕг Йеремиайӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас:


Стъалытӕн банымайӕн куыд нӕй, денджызы змисӕн — сбарӕн, афтӕ Ӕз сбирӕ кӕндзынӕн Мӕ цагъар Давиды байзӕддӕгты ӕмӕ Мӕ лӕггадгӕнджыты, левитты“».


„Уӕ фыдӕл Йонадавы ныхасмӕ кӕй байхъуыстат ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ кӕй ӕххӕст кӕнут, уый тыххӕй, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, — Рехавы фырт Ионадавы байзӕддӕгтӕ фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ лӕггад кӕндзысты Мӕ разы“».


Ӕрмӕстдӕр Левийы хӕдзарвӕндаджы сауджынтӕ, Цадокы байзӕддӕгтӕ, сӕ уазлӕггад нӕ ныууагътой Мӕ Кувӕндоны, израилӕгтӕ Мӕ се ’ргом куы аздӕхтой, уӕд, ӕмӕ дарддӕр дӕр уыдон лӕггад кӕндзысты Мӕ разы ӕмӕ Мын фиу ӕмӕ туг нывондӕн хӕсдзысты, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. —


Зӕххы хайы иннӕ ӕмбис — уымӕн дӕр йӕ дӕргъ дыууын фондз мин ӕлмӕрины, йӕ уӕрх та дӕс мин ӕлмӕрины — лӕвӕрд уыдзӕни левиттӕн, Кувӕндоны лӕггадгӕнджытӕн. Уый уыдзӕни сӕ зӕххы хай, ӕмӕ дзы ӕрцӕрдзысты.


Дунедарӕг Моисейӕн загъта:


Хуыцауы бӕргӕ базыдтой, фӕлӕ Хуыцауӕн, цы кад Ын ӕмбӕлы, ахӕм кад не скодтой ӕмӕ Дзы бузныг нӕ уыдысты. Сӕ зонд ныззыгъуыммӕ ис, ӕмӕ се ’нӕмбаргӕ зӕрдӕтыл саудалынг ӕртыхсти.


Хуыцау мын бафӕдзӕхста, цӕмӕй муртаттӕгтӕн уазлӕггад кӕнон Йесо Чырыстийы номӕй ӕмӕ сын хъусын кӕнон Хуыцауы Фарны Уац, цӕмӕй муртаттӕгтӕ суой, Сыгъдӕг Уд кӕй ссыгъдӕг кодта, ахӕм фӕндиаг цардӕгас нывонд.


Сауджын левиттӕн, Левийы хӕдзарвӕндагӕн ӕмткӕй, иннӕ израилӕгтӕй хъауджыдӕр, хай нӕ уыдзӕн, бынтӕ сын нӕ баззайдзӕн: Дунедарӕджы хуынтӕй цӕрдзысты, уыдон сты сӕ хай.


Хъотырӕй рынчын дӕ, зӕгъгӕ, уӕд сауджын левиттӕ цы зӕгъой, уый-иу бӕстон сӕххӕст кӕн, Ӕз сын куыд бафӕдзӕхстон, афтӕ кӕн.


ӕмӕ адӕмӕн бафӕдзӕхстой: «Сауджын левиттӕ Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, Фидыды Чырын рахӕссынц, уый куы фенат, уӕд сымах дӕр уӕ бынатӕй фенкъуысут ӕмӕ йӕ фӕдыл араст ут.


Ӕмӕ сымах дӕр цардӕгас дуртау уӕхи раттут Хуыцауӕн, уӕхицӕй лӕггады хӕдзар самайынӕн; уыдзыстут дзы сыгъдӕг кусджытӕ ӕмӕ Йын Йесо Чырыстийы фӕрцы хӕсдзыстут фӕндиаг нывӕндтӕ — лӕггад Ын кӕндзыстут Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй.


Сымах та стут ӕвзӕрст мыггаг, Паддзахы уаз лӕггадгӕнджытӕ, сыгъдӕг адӕм, Хуыцауы исбон, талынгӕй Йӕ диссаджы рухсмӕ кӕй ракодта ӕмӕ Йӕ алӕмӕты хъуыддӕгтӕ хъусын кӕнынмӕ кӕмӕ фӕсидти, Йӕ уыцы ӕвзӕрстытӕ.


паддзӕхтӕ ӕмӕ нӕ Йӕ Хуыцауӕн ӕмӕ Фыдӕн лӕггадгӕнджытӕ Чи скодта, Уымӕн кад ӕмӕ Паддзахад уӕд ӕнусӕй-ӕнустӕм! Аммен.


Скодтай сӕ паддзӕхтӕ, нӕ Хуыцауӕн лӕггадгӕнджытӕ, ӕмӕ паддзахиуӕг кӕндзысты зӕххыл».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ