17 Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Давиды мыггагӕн Израилы паддзахы бадӕныл алкӕддӕр йӕ бар цӕудзӕни.
Уыцы туджы азар Йоавы сӕрыл ӕмӕ йӕ мыггаджы фӕдыл ӕфтыд фӕуӕд! Йоавы хӕдзар макуы схицӕн уӕд нӕлгоймаджы низтӕ ӕмӕ хъотырӕй, йӕ байзӕддӕгтӕ лӕдзӕджы ӕнцӕйтты цӕуӕнт, кардылӕфтыд фӕуӕнт ӕмӕ къӕбӕрӕй хъуаг ӕййафӕнт!».
Дӕ царды бонтӕ куы фӕуой ӕмӕ дӕ фыдӕлты фарсмӕ куы ӕрӕнцайай, уӕд та паддзахӕй сӕвӕрдзынӕн дӕ байзӕддаджы, дӕ туг, де стӕджы, ӕмӕ йын йӕ паддзахад сфидар кӕндзынӕн.
Мӕ номыл хӕдзар уый сараздзӕн, ӕмӕ йын Ӕз йӕ паддзахы бадӕн ӕмӕ йӕ паддзахад сфидар кӕндзынӕн ӕнустӕм.
Уӕд Дунедарӕг сӕххӕст кӕндзӕн, зӕрдӕ мын цӕмӕй бавӕрдта, уый: „Дӕ фырттӕ раст фӕндагыл куы цӕуой, Мӕ сӕраппонд сӕ уд, сӕ зӕрдӕ рӕстаг хъуыддӕгтӕ кӕныныл куы хъарой, уӕд дӕ байзӕддӕгтӕ мыггагмӕ дӕр баддзысты Израилы паддзахы бадӕны“.
Ӕмӕ ныр, Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, сӕххӕст кӕн, ноджы ма Дӕ цагъар Давидӕн, мӕ фыдӕн, зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдтай, уый дӕр: „Дӕ фырттӕ раст фӕндагыл куы лӕууой, дӕуау Мын иузӕрдион лӕггад куы кӕной, уӕд дӕ байзӕддӕгтӕ мыггагмӕ дӕр баддзысты Израилы паддзахы къӕлӕтджыны“.
Фӕлӕ паддзах Иорамы чызг Йошевӕ, Ахазиайы хо, паддзахы фыртты ’хсӕнӕй радавта Ахазиайы чысыл лӕппу Иоасы, йӕ дыджызӕйы дӕр ын ракодта, ӕмӕ лӕппуйы хуыссӕнуаты бамбӕхстой Аталийӕ. Уый фӕрцы Иоас мӕлӕтӕй фервӕзти.
Уӕдӕ арфӕ ракӕн Дӕ цагъары хӕдзарӕн, цӕмӕй ӕнустӕм уа Дӕ разы. Уымӕн ӕмӕ Дӕ арфӕйӕ, о Дунедарӕг, уый арфӕгонд уыдзӕни ӕнустӕм».
Паддзах Давиды бадӕны ӕрбаддзӕн, Йӕ паддзахы бартӕ уыдзысты ӕгӕрон ӕмӕ зӕххыл расиддзӕни фидыд. Давиды паддзахад мыггагмӕ ӕрфидар кӕндзӕни, раст тӕрхон хӕсгӕйӕ. Уӕларвӕфсады Бардарӕг Ыл ауддзӕн.
„Уӕ фыдӕл Йонадавы ныхасмӕ кӕй байхъуыстат ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ кӕй ӕххӕст кӕнут, уый тыххӕй, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, — Рехавы фырт Ионадавы байзӕддӕгтӕ фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ лӕггад кӕндзысты Мӕ разы“».