Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Йеремиа 32:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Ӕмӕ мӕнӕ, Дунедарӕг куыд загъта, афтӕ мӕм мӕ фыды ’фсымӕры фырт Ханамел хъахъхъӕнджыты кӕртмӕ ӕрбацыд ӕмӕ загъта: «Бениамины зӕххыл мын, Анатоты сахары цур, зӕххы хай ис, ӕмӕ йӕ балхӕн, уымӕн ӕмӕ уыцы зӕхх дӕу хъуамӕ уа, йӕ цъындыаргъ дӕуӕн фидгӕ у, балхӕн ӕй». Уӕд ӕз бамбӕрстон, Дунедарӕджы ныхас кӕй сӕххӕст ис, уый.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Йеремиа 32:8
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Паддзах сауджын Авиафарӕн загъта: «Цӕугӕ Анатотмӕ, дӕ зӕххы хаймӕ, ӕмӕ уым цӕр! Маринаг дӕ, фӕлӕ дын, мӕ фыд Давиды сӕр нымайгӕйӕ, абон хатыр кӕнын. Уымӕн ӕмӕ кӕддӕр мӕ фыды разӕй хастай Дунедарӕг Хуыцауы Фидыды Чырын, ноджы ма мӕ фыдимӕ ӕппӕт зындзинӕдтӕ ӕвзӕрстай».


Миха йын дзуапп радта: «Мӕ сӕр кӕм бамбӕхсон, зӕгъгӕ, иу уатӕй иннӕмӕ ралидз-балидз куы кӕнай, уыцы бон ӕй базондзынӕ».


Бениамины хӕдзарвӕндаджы зӕххыл та — Гевӕ, Алемет ӕмӕ Анатот сӕ хизӕнуӕттимӕ, ӕдӕппӕт ӕртындӕс сахары. Аароны байзӕддӕгтыл уӕрст ӕрцыдысты мыггаггай.


Ацы чиныджы фыст ӕрцыдысты Хилкиайы фырт Йеремиайы ныхӕстӕ. Уый уыдис Анатоты сауджынтӕй, Бениамины зӕххӕй.


Вавилойнаг паддзахы ’фсад ӕрхъула кодта Йерусалимыл, пехуымпар Йеремиа та иудейаг паддзахы галуаны, хъахъхъӕнджыты кӕрты, ахӕстоны бадти.


Афтӕмӕй мын, о Дунедарӕг Хуыцау, фӕдзӕхсыс, дӕхицӕн ӕвзистӕй зӕххы хай балхӕн ӕмӕ ӕвдисӕнтӕм фӕдзур, зӕгъгӕ, кӕд ӕмӕ ацы сахар халдейӕгты къухтӕм бахаудзӕн».


дӕ фыды ’фсымӕр, Шаллумы фырт Ханамел дӕм ӕрбацӕудзӕн ӕмӕ дын зӕгъдзӕн: „Анатоты сахары раз мын цы зӕххы хай ис, уый балхӕн, мӕ хӕстӕджытӕй мын дӕуӕй ӕввахсдӕр ничи у, ӕмӕ йын цъындыаргъ хъуамӕ ды бафидай“».


Йеремиа ма хъахъхъӕнджыты кӕрты ахӕстоны куы бадти, уӕд ын Дунедарӕг дыккаг хатт загъта:


уӕд Йеремиа рацыди Йерусалимӕй, цӕмӕй Бениамины зӕхмӕ ацӕуа, адӕмы ’хсӕн фӕуа ӕмӕ афтӕмӕй сахарӕй ралидза.


Ӕз бакодтон, куыд мын загъдӕуыд, афтӕ. Мӕ дзауматӕ мӕ цыма мӕ цӕрӕнбынат аивынӕн хъӕуынц, афтӕ сӕ боныгон рахастон, изӕры та мӕ къухӕй къул батыдтон, адӕм мӕ куыд уыной, афтӕ сӕккой кодтон мӕ уаргъ ӕмӕ йӕ изӕрдалынгты рахастон.


Уыцы бон Мӕ фидыд хӕлд ӕрцӕудзӕнис, ӕмӕ уӕд, ӕнхъӕлмӕ Мӕм чи кӕсы, уыцы мӕгуыр фыстӕ базондзысты, Дунедарӕджы ныхас кӕй сӕххӕст ис, уый.


Уӕд фыд базыдта, уыцы хабар, Йесо йын афтӕ куы загъта, дӕ фырт фӕдзӕбӕх уыдзӕн, зӕгъгӕ, тӕккӕ уыцы афон кӕй ӕрцыди, уый. Ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр, стӕй йӕ хӕдзаронтӕ дӕр иууылдӕр баууӕндыдысты.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ