28 Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Ӕз ацы сахар халдейӕгтӕ ӕмӕ вавилойнаг паддзах Навуходоносоры къухмӕ ратдзынӕн, паддзах ӕй бацахсдзӕн.
Сахары ма цы адӕм баззади, уыдоны, вавилойнаг паддзахы къухмӕ йӕхи чи радта, уыдонимӕ хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан акодта Вавилонмӕ.
Халдейаг паддзахы сыл сардыдта, ӕмӕ сын уый се ’взонг лӕппуты Кувӕндоны мидӕг кардӕй ныццагъта. Никӕуыл бацауӕрста: лӕппуйӕ, чызгӕй, хистӕрӕй, урссӕр зӕрондӕй се ’ппӕты дӕр ын Хуыцау радта йӕ къухмӕ.
Фӕлӕ Ӕз бауынгӕг кӕндзынӕн Ариелы; уый хъӕрздзӕни ӕмӕ дзыназдзӕни, нывондхӕссӕн Мын фестдзӕни!
Ацы сахары исбон ӕгасӕй дӕр: йе ’ппӕт ӕфтиӕгтӕ, зынаргъ дзаумайӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уыдон, Иудейы паддзӕхты ӕппӕт хӕзнатӕ, Ӕз ратдзынӕн знӕгты къухтӕм. Уыдон бӕстӕ сафтид кӕндзысты ӕмӕ се ’фтиӕгтӕ Вавилонмӕ аласдзысты.
Уымӕн ӕмӕ Ӕз ацы сахармӕ Ме ’ргом раздӕхтон йӕ фарнӕн нӕ, фӕлӕ йӕ фыдбылызӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — Вавилойнаг паддзахы къухмӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн ӕмӕ йӕ уый саусыгъд бакӕндзӕн“».
Сыджытбырутӕ бахӕццӕ сты сахармӕ, бацахсдзысты йӕ. Халдейӕгтӕ сахарыл ӕрхъула кодтой, ӕмӕ сӕ къухмӕ бахаудзӕн, кард, стонг ӕмӕ рынӕй йӕ басӕтдзысты. Рагацау цы загътай, уый сӕххӕст ис, ӕмӕ ныр Дӕхӕдӕг уый уыныс.
Иудейы паддзах Цедекиа Йеремиайы ахӕстоны сбадын кодта ӕмӕ йын загъта: «Ахӕм рагуацтӕ цӕмӕн хъусын кӕныс? Ды дзурыс: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: Ӕз ацы сахар вавилойнаг паддзахы къухмӕ ратдзынӕн, ӕмӕ йӕ бацахсдзӕн.
Сымах афтӕ кӕмӕй дзурут, вавилойнаг паддзахы къухмӕ лӕвӕрд ӕрцыди, кард, стонг ӕмӕ рыны амӕттаг бауыдзӕн, зӕгъгӕ, уыцы сахары тыххӕй Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы:
«Дунедарӕджы, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: „Ацу Иудейы паддзах Цедекиамӕ ӕмӕ йын Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, номӕй афтӕ зӕгъ: Ӕз ацы сахар дӕттын вавилойнаг паддзах Навуходоносоры къухмӕ, ӕмӕ йӕ басудздзӕн.
Дӕхӕдӕг дӕр паддзахӕй нӕ аирвӕздзынӕ, ӕрцахсдзысты дӕ, ӕмӕ йӕ къухмӕ бахаудзынӕ. Вавилоны паддзахы раз ӕрлӕудзынӕ, йемӕ лӕгӕй-лӕгмӕ ныхас кӕндзынӕ ӕмӕ Вавилонмӕ уацары ацӕудзынӕ.