21 Израилы, Дӕ адӕмы, Мысыры зӕххӕй ракодтай ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтимӕ — Дӕ хъомысы, Дӕ къухы фӕрцы, ӕвирхъау тас сыл бахӕцын кодтай, афтӕмӕй.
Зӕххон адӕмтӕй дӕр кӕцыйӕн ис абарӕн Дӕ адӕмимӕ, Израилимӕ? Ды сӕм раргом дӕ, цӕмӕй сӕ балхӕнай ӕмӕ Дӕхи бауой, сӕ сӕраппонд стыр диссӕгтӕ саразай ӕмӕ Дӕ ном скадджын кӕнай. Ды, Дӕхицӕн Мысырӕй кӕй раирвӕзын кодтай, Дӕ уыцы адӕмы цурӕй ӕндӕр адӕмты ӕд хуыцӕуттӕ фӕсырдтай.
уымӕн ӕмӕ Дын фехъуыста Дӕ цытджын ном ӕмӕ Де стыр хъомысы кой — ӕмӕ Дӕм, Дӕ Кувӕндонмӕ йе ’ргом саразгӕйӕ, куы скува,
Дӕлимонтӕн нывондӕн хастой сӕ лӕппутӕ ӕмӕ сӕ чызджыты;
Дунедарӕг сӕ цал хатты бахызта фыдбылызӕй! Фӕлӕ Йӕ уыдон мӕсты кодтой сӕ хиваст митӕй, сӕ тӕригъӕдты аххосӕй ӕгады бынатмӕ ’рхаудысты.
Фидӕны сымах уӕ фырттӕ куы фӕрсой, ацы ӕгъдау цы амоны, зӕгъгӕ, уӕд-иу сын зӕгъут, ацы ӕгъдау нын нӕ зӕрдыл ӕрӕфтауы, Дунедарӕг нӕ Мысырӕй — цагъары ӕфсондзы бынӕй — куыд ракодта, уый.
Гъемӕ уын уый нысаны хуызӕн уӕд къухыл ӕмӕ ныхыл, цӕмӕй уӕ макуы ферох уа Дунедарӕджы ӕгъдау, уӕ былалгъыл уа ӕдзухдӕр, уымӕн ӕмӕ уӕ Йе стыр хъомысы фӕрцы Дунедарӕг ракодта Мысырӕй.
Ӕмӕ сӕм уӕд Ӕз Мӕ къух сисдзынӕн ӕмӕ диссӕгты хуызы Мӕ азар бафтаудзынӕн Мысырыл. Ӕмӕ уӕ уый фӕстӕ ауадздзӕни Мысыры паддзах.
Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Фендзынӕ, Ӕз фараонӕн цытӕ бакӕндзынӕн, уый. Мӕ къухы уӕз ыл ӕруадздзынӕн, ӕмӕ уӕд уый ауадздзӕнис израилӕгты. Мӕ хъомысджын къухы бын сӕ суанг сургӕ дӕр фӕкӕндзӕни йӕ зӕххӕй».
Мӕ номӕй зӕгъ израилӕгтӕн: „Ӕз — Дунедарӕг, ракӕндзынӕн уӕ Мысыры ӕфсондзы бынӕй, суӕгъд уӕ кӕндзынӕн цагъары къӕлӕтӕй. Ме стыр хъомысы фӕрцы уӕ фервӕзын кӕндзынӕн, уе ’фхӕрджыты та уын бафхӕрдзынӕн.
фӕндагыл ӕй Йӕ хъомысджын базыры бын Чи бакодта, йӕ разӕй йын денджызы дӕттӕ фӕйнӕрдӕм Чи фӕцӕуын кодта ӕмӕ уымӕй Йӕхицӕн мыггагмӕ ном Чи скодта, Уый?
Мысыры цы ӕвдисӕйнӕгтӕ равдыста ӕмӕ цы хъуыддӕгтӕ сарӕзта; фараонӕн, Мысыры паддзахӕн, ӕмӕ ӕппӕт бӕстӕйӕн цытӕ бакодта;
Йӕхи къухӕй нӕ ракодта Мысырӕй Дунедарӕг, Йӕ арм ныл дардта, стыр тас ныл ӕфтыдта, ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ нын уынын кодта, афтӕмӕй.
Кӕнӕ кӕд уыди афтӕ, ӕмӕ исты хуыцау адӕмты ’хсӕн йӕхицӕн адӕм равзара ӕмӕ сӕ уӕззау зынтӕ, ӕвдисӕйнӕгтӕ, стыр диссӕгтӕ ӕмӕ хӕстытӕй бафӕлвара, Йӕ хъомысджын къухы фӕрцы ӕвирхъау тӕссаг хъуыддӕгтӕ сараза? Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ӕппӕт уыдӕттӕ Мысыры уӕ цӕстыты раз бакодта.
уӕхи цӕстӕй кӕй федтат, уыцы стыр фыдӕвзарӕнтӕ, ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ. Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымах Йӕ базыры бын куыд бакодта ӕмӕ уӕ Йӕ хъомысджын къухы руаджы куыд фервӕзын кодта, афтӕ та Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, схос кӕндзӕн, сымах кӕмӕй тӕрсут, уыцы адӕмтӕн дӕр.