Йеремиа 31:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст7 Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Хъӕлдзӕгӕй зарут Йаковыл, адӕмты сӕргъы чи лӕууы, уый хъӕрӕй сыстаут ӕмӕ дзурут: «О Дунедарӕг! Фервӕзын кӕн Дӕ адӕмы, Израилы байзӕддӕгты!» အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Уӕдӕ Ӕз, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, сомы кӕнын Мӕхицӕй! Моавӕгтӕ ӕмӕ аммонӕгтӕ Содом ӕмӕ Гоморрӕйы хал ахӕрдзысты! Сӕ зӕххытӕ хӕмпӕлгӕрдӕгӕй нал зындзысты, гӕныстонмӕ ’рцӕудзысты, ӕдзӕрӕг быдыр фестдзысты мыггагмӕ! Мӕ адӕмӕй ма чи аирвӕза, уыдон сӕ ныххӕлӕттаг кӕндзысты, уыдоны исбон бауыдзысты.