Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Йеремиа 31:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Ралӕудзӕн ахӕм бон, ӕмӕ Ефремы хӕхтыл хъахъхъӕнджытӕ ныхъхъӕр кӕндзысты: „Сыстут, ӕмӕ Дунедарӕгмӕ, нӕ Хуыцаумӕ, Сионмӕ ссӕуӕм!“»

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Йеремиа 31:6
23 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Авийа ссыди Цемараимы хохы сӕрмӕ (уый ис Ефремы хӕхбӕсты), ӕмӕ уырдыгӕй ныхъхъӕр кодта: — Йоровам ӕмӕ ӕгас Израил, ӕрбайхъусут-ма!


Уыйадыл Иудӕйы хӕдзарвӕндаджы ӕмӕ Бениамины хӕдзарвӕндаджы мыггӕгты хистӕртӕ, сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ, Хуыцау кӕй сразӕнгард кодта, уыдонӕй алчидӕр ацыд ӕмӕ февнӕлдта, Йерусалимы чи ис, Дунедарӕджы уыцы хӕдзар аразынмӕ.


Нӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау, сног нын кӕн нӕ тых, мауал ныл кал Дӕ маст!


Уыцы бон стыр сыкъауадындз ныууасдзӕн, ӕмӕ ӕрцӕудзысты, Ассирийы чи фесӕфти ӕмӕ Мысырмӕ кӕй атардтой, уыдон. Ссӕудзысты Йерусалиммӕ, уаз хохмӕ, ӕмӕ Дунедарӕджы раз сӕ зонгуытыл ӕрхаудзысты.


Бӕрзонд хохмӕ схиз, Сионы сахар, фарны уац хӕссӕг! Дӕ хъӕлӕсы дзаг ныхъхъӕр кӕн, фарны уац хӕссӕг Йерусалим! Ныхъхъӕр кӕн, ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрс! Мӕнӕ — уӕ Хуыцау, зӕгъгӕ, зӕгъ Иудейы сахартӕн!


«Йерусалим, дӕ систы сӕрыл дын сӕвӕрдтон хъахъхъӕнджытӕ ӕмӕ загътон, цӕмӕй сӕ хъӕлӕс хъуыса ӕхсӕв дӕр ӕмӕ бон дӕр». Йерусалимы сахары макуы ӕрмынӕг уӕд, Дунедарӕджы чи нымайы, уыдоны хъӕлӕс!


Раздӕхут, сабитӕ, гадзрахатӕй рацӕуджытӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — уымӕн ӕмӕ Ӕз дӕн уӕ Сӕрыхицау. Алы сахарӕй дӕр Ӕз райсдзынӕн иуы, алы хӕдзарвӕндагӕй дӕр — дыууӕйы, ӕмӕ уӕ ӕркӕндзынӕн Сионмӕ.


Ӕрбацӕудзысты, ӕмӕ Сионы хохыл сӕ цины хъӕртӕ хъуысдзысты; цин кӕндзысты, Дунедарӕг сын парахатӕй кӕй ратдзӕн, уыдӕттыл: мӕнӕу, сӕн ӕмӕ сойыл, фыстӕ ӕмӕ галтыл. Сӕ удтӕ дидинӕгкалӕг дыргъдоны хуызӕн суыдзысты, сӕ хъизӕмарӕн кӕрон ӕрцӕудзӕн.


Израилы та йӕ раздӕры сӕрвӕтмӕ раздахдзынӕн, Кармел ӕмӕ Башаны хиздзӕн, Ефремы хӕхты ӕмӕ Галаады йӕхи бафсаддзӕн.


Ӕз сын сӕ сӕргъы хъахъхъӕнджыты сӕвӕрдтон ӕмӕ загътон: „Сыкъауадындзы уасынмӕ хъусут!“ Фӕлӕ уыдон дзуапп радтой: „Нӕ хъусдзыстӕм“.


«Адӕймаджы фырт! Ӕз дӕ Израилы адӕмӕн сӕвӕрдтон хъахъхъӕнӕгӕй. Мӕ ныхӕстӕм-иу Мын хъус ӕмӕ сын зонд амон Мӕ номӕй.


«Адӕймаджы фырт! Дӕ адӕмӕн фехъусын кӕн Мӕ ныхас: Ӕз искӕцы бӕстӕйыл фыдгулы кард куы ныххуырсон, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ уыцы бӕстӕйы адӕм се ’хсӕнӕй хъахъхъӕнӕг равзарой сӕхицӕн.


Иудейӕгтӕ ӕмӕ израилӕгтӕ иумӕ ӕрбамбырд уыдзысты, сӕхицӕн иу фӕтӕджы сӕвӕрдзысты ӕмӕ уыцы бӕстӕй рацӕудзысты, уымӕн ӕмӕ Изреелмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы стыр фидӕн.


Мӕ Хуыцауы пехуымпар Ефремӕн у йӕ хъахъхъӕнӕг, фӕлӕ йӕ алы фӕндагыл дӕр — ахсӕн хызтӕ, йӕ Хуыцауы хӕдзары — ӕнӕуынондзинад.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ