Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Йеремиа 31:40 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

40 Абон мӕрдтӕ ӕмӕ фӕнычы бын чи фӕци, уыцы дӕлвӕз, Кедроны цӕугӕдон ӕмӕ, скӕсӕны чи ис, уыцы Бӕхы кулдуары онг цы быдыртӕ ’ххӕссынц, уыдон иууылдӕр Дунедарӕджы уаз зӕххы хай суыдзысты, никуыуал сӕ ничи ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ фесафдзӕн».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Йеремиа 31:40
23 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕгас бӕстӕ хъӕлӕсыдзагӕй куыдта, паддзахы адӕм куы фӕцӕйцыдысты, уӕд. Паддзах лӕууыди Кедроны тӕрфы, йе ’ппӕт ӕфсад йӕ рӕзты ӕдзӕрӕг быдырмӕ фӕндагыл куы ивгъуыдтой, уӕд.


Ныххӕцыдысты йыл ӕмӕ йӕ Бӕхты кулдуарыл паддзахы галуаны ’рдӕм акодтой ӕмӕ йӕ уым амардтой.


Иудейаг паддзӕхтӕ Ахазы галуаны уӕлхӕдзар цы нывондхӕссӕнтӕ скодтой, Менассиа та — Дунедарӕджы Кувӕндоны дыууӕ кӕрты, уыдон дӕр ныппырх кӕнын кодта ӕмӕ сын сӕ бырон Кедроны тӕрфы ныккалын кодта.


Ашерӕйы цӕджындз Дунедарӕджы Кувӕндонӕй Йерусалимы фӕссахармӕ Кедроны тӕрфмӕ рахӕссын кодта ӕмӕ йӕ уым басудзын кодта. Йе ’взалытӕ йын бассын кодта, ӕмӕ ӕртхутӕг хуымӕтӕг адӕмы уӕлмӕрдты акалдтой.


Ӕрцахстой йӕ ӕмӕ йӕ акодтой паддзахы галуаны бацӕуӕны размӕ, Бӕхты кулдуары цурмӕ, ӕмӕ йӕ уым амардтой.


Дарддӕр, Бӕхты кулдуарӕй уӕлӕмӕ, цӕгатӕрдӕм, амадтой сауджынтӕ: алчидӕр — йӕ хӕдзары акомкоммӕ.


Тынг стыр у уд балхӕныны аргъ, ӕмӕ мыггагмӕ дӕр уый нӕ уыдзӕн,


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕ адӕмы Мастисӕг: «Уӕ къухӕй уын фӕстӕмӕ исын Мӕ азар ӕмӕ Мӕ фыдӕхы нуазӕн. Нырӕй фӕстӕмӕ уын ӕй нал дӕтдзынӕн.


Абон дӕ Ӕз адӕмтӕ ӕмӕ паддзахӕдтӕй фӕуӕлдӕр кодтон, цӕмӕй ӕд уидаг тонай ӕмӕ сафай, дӕрӕн ӕмӕ афтид кӕнай, аразай ӕмӕ тауай».


Иуӕй-иу хатт Ӕз искӕцы адӕмы кӕнӕ паддзахады тыххӕй фӕзӕгъын: йӕ бындзарӕй йӕ срӕдувдзынӕн, басӕтдзынӕн ӕй ӕмӕ йӕ бабын кӕндзынӕн.


Сымах афтӕ кӕмӕй дзурут, вавилойнаг паддзахы къухмӕ лӕвӕрд ӕрцыди, кард, стонг ӕмӕ рыны амӕттаг бауыдзӕн, зӕгъгӕ, уыцы сахары тыххӕй Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы:


Хур ӕмӕ мӕйы, стӕй ӕппӕт уӕларвон ӕфсады — кӕй уарзтой, кӕмӕн лӕггад кодтой ӕмӕ кӕй фӕдыл цыдысты, кӕй фарстой ӕмӕ кӕмӕн куывтой, уыдоны бын сӕ ныххӕлиу кӕндзысты. Ничи сӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн, фаджысау зӕххыл лӕзӕрдзысты.


Сӕ алывӕрсты мӕ ӕрзилын кодта: дӕлвӕзы уыди ӕнӕнымӕц стджытӕ ӕмӕ тынг ныххус сты.


Цӕрдзысты, Мӕ цагъар Йаковӕн цы зӕхх радтон, сӕ фыдӕлтӕ кӕм цардысты, ууыл. Уым мыггагмӕ цӕрдзысты сӕхӕдӕг дӕр, сӕ байзӕддаг дӕр ӕмӕ сӕ байзӕддаджы байзӕддаг дӕр. Мӕ цагъар Давид та мыггагмӕ уыдзӕни сӕ фӕтӕг.


Ӕз Израилы адӕмӕй Ме ’ргом нал аздахдзынӕн, уымӕн ӕмӕ сӕ схайджын кӕндзынӕн Мӕ Удӕй. Уый зӕгъын Ӕз — Дунедарӕг Хуыцау».


Сахары алыварс ӕдӕппӕтӕй у ӕстдӕс мин ӕлмӕрины. Йӕ ном фидӕны уыдзӕни: «Дунедарӕг уым ис».


Уӕд базондзыстут, Ӕз уӕ Дунедарӕг Хуыцау кӕй дӕн ӕмӕ Сионы, Мӕ уаз хохыл, кӕй цӕрын, уый. Йерусалим суыдзӕн уаз сахар, ӕцӕгӕлӕттӕ йыл дыууӕрдӕм нал кӕндзысты.


Цӕрдзысты дзы адӕм, ӕлгъыстаг нал фӕуыдзӕн, Йерусалим уыдзӕнис ӕдас.


Уыцы заман, суанг бӕхты идӕттыл цы дзӕнгӕрджытӕ сауындзынц, уыдоныл дӕр ныффысдзысты: «Дунедарӕджы уаз хай». Дунедарӕджы хӕдзары цы ӕгтӕ ис, уыдон дӕр, нывондхӕссӕны раз цы кӕхцытӕ лӕууы, уыдонау уаз суыдзысты.


Йесо куы скуывта, уӕд Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ араст сты Кедроны тӕрфы иннӕ фарсмӕ, ӕмӕ уым дыргъдонмӕ бацыдысты.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ