Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Йеремиа 31:37 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

37 Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Бӕрзонд арвӕн сбарӕн куыд нӕй, зӕххы бындуртӕн — басгарӕн, афтӕ Ӕз дӕр Израилы байзӕддӕгты сӕ хъуыддӕгты тыххӕй Мӕхицӕй никуы аппардзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Йеремиа 31:37
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Зӕххы фӕтӕн искуы сбарстай? Кӕд ӕппӕт уыдӕттӕ зоныс, уӕд-ма сӕ радзур.


О Хуыцау, фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ Ды дӕ не ’мбӕхсӕн бынат!


Чи ссыди уӕларвмӕ ӕмӕ фӕстӕмӕ чи ’рцыди? Чи баурӕдта дымгӕ йӕ армы? Уӕлӕфтауы мидӕг дон чи батыхта? Зӕххӕн арӕнтӕ чи скодта? Куыд у йӕ ном? Куыд у йӕ фырты ном? Зоныс ӕй ды?


Денджыз армыдзаггай равдӕлон кӕнын кӕй бон у? Кӕй бон у уылынгӕй уӕлӕрвтӕ абарын? Зӕххы сыджыт чи бацӕуын кӕндзӕни къӕртайы мидӕг? Хӕхтӕ ӕмӕ къуылдымтӕ чи сбардзӕни тӕрӕзтыл?


Нойы заман доны хъаймӕт куы фӕци, уӕд куыд расомы кодтон, зӕххыл доны хъаймӕт нал уыдзӕни, зӕгъгӕ, афтӕ сомы кӕнын ныр дӕр, нал дӕм смӕсты уыдзынӕн ӕмӕ дӕм нал бартхъирӕн кӕндзынӕн.


Мӕ хӕхбӕстӕ исбонӕн кӕмӕн радтон, уыцы Йаков ӕмӕ Иудӕйӕн фидӕнмӕ сбирӕ кӕндзынӕн сӕ байзӕддӕгты. Ме ’взӕрст цагъартӕн уыцы хӕхбӕстӕ суыдзысты фыдӕй-фыртмӕйы исбон, ӕмӕ дзы цӕрдзысты мыггагмӕ.


Уымӕн ӕмӕ Ӕз демӕ дӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ӕз дӕ фервӕзын кӕндзынӕн! Цы адӕмты ’хсӕн дӕ ныххӕлиу кодтон, уыдоны ныццӕгъддзынӕн, ӕрмӕстдӕр дӕу нӕ фесафдзынӕн. Дӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ дӕ бафхӕрдзынӕн, фӕлӕ дӕ ӕнӕфхӕрдӕй нӕ ныууадздзынӕн».


Стъалытӕн банымайӕн куыд нӕй, денджызы змисӕн — сбарӕн, афтӕ Ӕз сбирӕ кӕндзынӕн Мӕ цагъар Давиды байзӕддӕгты ӕмӕ Мӕ лӕггадгӕнджыты, левитты“».


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ма тӕрс, Мӕ цагъар Йаков, Ӕз демӕ дӕн. Ӕз дӕ адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кодтон, фӕлӕ ныр се ’ппӕты дӕр фесафдзынӕн. Ӕрмӕстдӕр дӕу нӕ ныццӕгъддзынӕн. Раст тӕрхон дын рахӕсдзынӕн, фӕлӕ дӕ ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ ныууадздзынӕн».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ