Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Йеремиа 31:35 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

35 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, боныгон рухс кӕнынӕн хур Чи радта, мӕй ӕмӕ стъалытӕн, цӕмӕй ӕхсӕвыгон рухс кӕной, уый тыххӕй уагӕвӕрдтӕ Чи скодта, денджызы уылӕнтӕ гуыр-гуыр куыд кӕной, афтӕ Чи сызмӕнты, Йӕ ном Уӕларвӕфсады Бардарӕг Кӕмӕн у:

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Йеремиа 31:35
39 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уый Йӕ хъаруйӕ сызмӕнты денджызы уылӕнтӕ, Йӕ зонды фӕрцы басӕтты Рахавы.


Арвы фӕтк дын зындгонд у, зӕххӕн уагӕвӕрд сфидар кӕнис?


Уымӕн ӕмӕ Уый дойныгӕнӕг удтӕн суагъта сӕ дойны, хӕрзтӕй бафсӕста ӕххормӕгты зӕрдӕтӕ.


Сӕвӕрдта сӕ мыггагмӕ, радта сын ӕгъдау, ӕмӕ йӕ сӕрты нӕ ахиздзысты.


цалынмӕ Хуыцауы Кувӕндонмӕ бацыдтӕн ӕмӕ сын сӕ кӕрон базыдтон, уӕдмӕ.


Уыдон царды зындзинӕдтӕй хызт сты, иннӕтау царды уӕз нӕ базонынц.


Мах та — Дӕ адӕм, Дӕ фысты дзуг — кад Дын кӕндзыстӕм ӕнустӕм, стаудзыстӕм Дӕ фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ!


О Хуыцау, фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ Ды дӕ не ’мбӕхсӕн бынат!


Дзурут, зӕгъгӕ, уаз сахарӕй рацыдыстӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕ дарӕм Израилы Хуыцауыл. Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


Уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау, денджыз Чи сызмӕнты, Чи йӕ сабухын кӕны, Уый. Уӕларвӕфсады Бардарӕг — Мӕ ном.


Уымӕн ӕмӕ Сфӕлдисӕг — дӕ Сӕрыхицау, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг. Дӕ Ирвӕзынгӕнӕг у Израилы Стыр Хуыцау, ӕгас зӕххы Хуыцау — афтӕ Йӕ хонынц.


фӕндагыл ӕй Йӕ хъомысджын базыры бын Чи бакодта, йӕ разӕй йын денджызы дӕттӕ фӕйнӕрдӕм Чи фӕцӕуын кодта ӕмӕ уымӕй Йӕхицӕн мыггагмӕ ном Чи скодта, Уый?


Фӕлӕ Йаковӕн ӕндӕр уыдзӕн йӕ хъысмӕт. Ӕппӕтдӕр Чи сфӕлдыста, Уый — йӕ Хуыцау, израилӕгтӕ — Йӕ исбон ӕмӕ Йӕ адӕм, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


Дӕ хорзӕхтӕ мингай адӕмӕн раттыс, ныййарджыты тӕригъӕдтӕ бафидын кӕныс сӕ цотӕн. О хъомысджын стыр Хуыцау, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг!


«Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: „Кӕд, Ӕз бон ӕмӕ ӕхсӕвимӕ цы фидыд сарӕзтон, уый искӕмӕн йӕ бон фехалын у, цӕмӕй афоныл мауал фӕзыной, уый тыххӕй,


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Бон ӕмӕ ӕхсӕвимӕ фидыд куыд сарӕзтон, арв ӕмӕ зӕххы ӕгъдӕуттӕ куыд сфидар кодтон,


афтӕ Ме ’ргом нӕ аздахдзынӕн Йаков ӕмӕ Мӕ цагъар Давиды байзӕддӕгтӕй, цӕмӕй Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковы фӕстагӕттӕй паддзах мауал равзарон, уый тыххӕй. Уымӕн ӕмӕ сӕ Ӕз уацарӕй раздахдзынӕн ӕмӕ сын ныххатыр кӕндзынӕн».


Сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Паддзах, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — хӕхты астӕу — Фавор, денджызы раз — Кармел хох. Уыдонау хъомысджын чи у, уый уӕм ӕнӕмӕнг фӕзындзӕн.


Ау, хъуамӕ сымах ма тӕрсат Мӕнӕй? — зӕгъы Дунедарӕг. — Ау, фыр тӕссӕй Мӕ разы хъуамӕ ма ризат? Ӕз денджызӕн змисӕй скодтон ӕнусон арӕн, ӕмӕ денджызӕн нӕй ахизӕн йӕ сӕрты. Ныййарц вӕййынц уылӕнтӕ, фӕлӕ сӕ бон нӕу арӕныл фӕуӕлахиз уӕвын, сабухынц, фӕлӕ арӕны сӕрты сӕ бон ахизын нӕу.


Фӕлӕ хъомысджын у сӕ Ирвӕзынгӕнӕг, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг. Уый рахӕцдзӕни сӕ сӕрыл, сӕ зӕхх сын басабыр кӕндзӕн, Вавилоны цӕрджытыл та катай бахӕцын кӕндзӕн.


Фӕлӕ Йаковӕн ӕндӕр у йӕ хъысмӕт, уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцау сфӕлдыста ӕппӕт дӕр. Израилӕгтӕ сты Йӕ адӕм ӕмӕ Йӕ исбон, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


Ӕз сӕ бахиздзынӕн зындонӕй, мӕлӕтӕй сӕ фервӕзын кӕндзынӕн. Мӕлӕт, кӕм ис дӕ маргӕвзаг? Зындон, кӕм ис дӕ уӕлахиз? Тӕригъӕд нӕ зондзынӕн Ӕз.


Дунедарӕг Хуыцау тӕригъӕдджын паддзахадмӕ Йӕ цӕстӕнгас сарӕзта. Ӕз ӕй зӕххы цъарӕй фесафдзынӕн, фӕлӕ Йаковы хӕдзар бынтон не скуынӕг кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. —


Ӕмӕ уӕд уыдзыстут уӕ Уӕларвон Фыды хъӕбултӕ — Уый хур скӕсын кӕны хӕларзӕрдӕтыл дӕр ӕмӕ фыдзӕрдӕтыл дӕр, къӕвда рауадзы рӕстгӕнджытыл дӕр ӕмӕ тӕригъӕдджынтыл дӕр.


Арвыл хур, мӕй, стъалытӕ, ӕппӕт уӕларвӕфсады уындӕй уӕ зӕрдӕ ма бацыбӕл уӕд уыдонӕн кувынмӕ: арвы бын цыдӕриддӕр адӕмтӕ ис, уыдонӕн сӕ радта Дунедарӕг, уӕ Хуыцау.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ