Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Йеремиа 31:31 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

31 Ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ Ӕз Израилы байзӕддагимӕ ӕмӕ Иудӕйы байзӕддагимӕ сараздзынӕн Ног Фидыд.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Йеремиа 31:31
24 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

«Мӕнӕ Мӕ фидыды нысан семӕ. Ӕз дӕ схайджын кодтон Мӕ Удӕй, Дӕ дзыхы дын бавӕрдтон Мӕ ныхӕстӕ, ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ ныр мыггагмӕ уыдзысты дӕхи, дӕ байзӕддӕгты ӕмӕ сӕ фӕстагӕтты былалгъыл», — зӕгъы Дунедарӕг.


Ралӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ Ӕз бӕрзонд сӕвӕрдзынӕн Давиды байзӕддаджы, рӕстаг Ӕвзар. Йӕ бадӕны ӕрбаддзӕн паддзах, йӕ хъуыддӕгты архайдзӕн уӕлзондимӕ, раст тӕрхон кӕндзӕни зӕххыл.


Уымӕн ӕмӕ ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ Ӕз Мӕ адӕмы, Израил ӕмӕ Иудейы, уацарӕй раздахдзынӕн. Сӕ фыдӕлтӕн сын цы зӕхх радтон, уырдӕм сӕ ӕрбакӕндзынӕн, исбонӕн сын ӕй ратдзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.


«Ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ Ӕз Израил ӕмӕ Иудейы байзӕддӕгты байдзаг кӕндзынӕн адӕм ӕмӕ фосы мыггагӕй.


Ӕз семӕ сараздзынӕн ӕнусон фидыд ӕмӕ сӕ уыцы фидыдмӕ гӕсгӕ никуыуал ныууадздзынӕн, Мӕ хорзӕхӕй сӕ ӕнӕхай никуыуал фӕкӕндзынӕн. Сӕ зӕрдӕты сын тас бавӕрдзынӕн, цӕмӕй Мӕ тӕрсой, се ’ргом Мӕ мауал аздахой.


Ӕз семӕ сараздзынӕн мыггагмӕйы фидыд, ӕмӕ сын уый фарн ӕрхӕсдзӕни. Сбирӕ сӕ кӕндзынӕн ӕмӕ сын сӕ астӕу мыггагмӕ сӕвӕрдзынӕн Мӕ Кувӕндон.


Рӕхджы ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ хуымгӕнӕг хуыммӕ рацӕудзӕн, фӕлӕ хуымгӕрдӕг нырма уыдзӕнис уым; тауӕг рацӕудзӕн, фӕлӕ нырма сӕн ссӕнддзысты. Хӕхтӕй сӕн ракӕлдзӕн, ӕмӕ къуыбыртӕ сфӕлмӕн уыдзысты.


уымӕн ӕмӕ уый Мӕ Туг у — уымӕй фидаргонд цӕуы Ног Фидыд, ӕмӕ бирӕтӕн сӕ тӕригъӕдтӕ ныббарыны сӕраппонд ныккӕлдзӕн.


Ӕмӕ сын загъта: «Уый Мӕ Туг у — уымӕй фидаргӕнгӕ у Ног Фидыд, ӕмӕ уый бирӕты сӕрвӕлтау ныккӕлдзӕни.


Ӕхсӕвӕры фӕстӕ сӕны кӕхц дӕр райста ӕмӕ загъта: «Ацы кӕхц у Ног Фидыд — уый фидаргонд цӕуы, сымах сӕраппонд чи ныккӕлдзӕни, Мӕ уыцы Тугӕй.


Ӕхсӕвӕры фӕстӕ райста сӕны кӕхц дӕр ӕмӕ загъта: «Ацы кӕхц у Мӕ Тугӕй фидаргонд ног фидыд. Кӕдфӕнды дӕр дзы ма нуазат — Мӕ ӕрымысынӕн нуазут».


Хуыцау махӕн радта Йӕ Ног Фидыды кусджыты арӕхстдзинад. Уыцы ног фидыдмӕ гӕсгӕ Хуыцау ныр фыст ӕгъдау нал дӕтты, фӕлӕ хай кӕны Йӕ Удӕй. Уымӕн ӕмӕ фыст ӕгъдау маргӕ кӕны, Уд та цард дӕтты.


Ацы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ чи цӕры, уыдон хайджын уӕнт хорзӕх ӕмӕ фарнӕй, ӕмӕ семӕ Хуыцауы ӕппӕт Израил!


Канд сымахмӕ нӕ хауы ацы фидыд, ӕлгъыстытӕй фидаргонд чи у, уый:


Мах стӕм ӕцӕг сунӕтгонд — кусӕм Хуыцауӕн, Сыгъдӕг Уд нӕ куыд аразы, афтӕ. Нӕ зӕрдӕ зӕххоныл нӕ дарӕм, фӕлӕ сӕрыстыр стӕм, Йесо Чырыстиимӕ кӕй стӕм, уымӕй.


Ног Фидыды Ӕхсӕнылӕг Йесомӕ ӕмӕ, мах чи ссыгъдӕг кодта, Йӕ уыцы Тугмӕ — Авелы тугӕй уыцы Туг хуыздӕрыл дзуры.


Мыггагмӕйы фидыд фидаргонд цы Тугӕй ӕрцыд, уый фӕрцы Йӕ фыстӕн стыр Фыййау Чи сси, нӕ уыцы Бардарӕг Йесойы мӕрдтӕй райгасгӕнӕг фӕрнджын Хуыцау


Сауджынты лӕггад ӕндӕрӕй куы баивдӕуа, уӕд Ӕгъдау дӕр хъуамӕ ӕнӕмӕнг баивдӕуа.


Уымӕ гӕсгӕ Чырысти у ног фидыды Ӕхсӕнылӕг, цӕмӕй, Йӕ мӕлӕты фӕрцы мыггагмӕйы хорзӕхтӕ райсынмӕ хуындтытӕн, фыццаг фидыды заман цы тӕригъӕдтӕ ракодтой, уыдон хатыргонд ӕрцӕуой, ӕмӕ райсой, Хуыцау сын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ