29 Уыцы заман афтӕ ничиуал зӕгъдзӕн: „Сӕ фыдӕлтӕ цъӕх сӕнӕфсир хордтой, ӕмӕ сӕ сывӕллӕтты дӕндӕгтӕ фехӕлдысты“, зӕгъгӕ.
Сӕ байзӕддагыл сын рахӕтдзӕн Хуыцау? Сӕхицӕн сын аккаг фӕуӕд, цӕмӕй зоной,
Уымӕн ӕмӕ-иу алкӕмӕн дӕр мӕлӕты тӕрхон рахӕсдзысты йӕхи фыдракӕндтӕм гӕсгӕ: цъӕх сӕнӕфсир чи бахӕра, уымӕн-иу фехӕлдзысты йӕ дӕндӕгтӕ».
Нӕ фыдӕлтӕ тӕригъӕдтӕ фӕкодтой, ныр уыдон нал сты, фӕлӕ сӕ фидӕм мах!
Йӕ фырты азымы тыххӕй фыды марӕн нӕй, йӕ фыды азымы тыххӕй — фырты: алчи йӕ тӕригъӕды тыххӕй хъуамӕ йӕхӕдӕг амӕла.