Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Йеремиа 31:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

27 «Ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ Ӕз Израил ӕмӕ Иудейы байзӕддӕгты байдзаг кӕндзынӕн адӕм ӕмӕ фосы мыггагӕй.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Йеремиа 31:27
8 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Арфӕйы зарджытӕ, цины хъӕртӕ дзы райхъуысдзысты. Сбирӕ сӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ нал фӕкъаддӕр уыдзысты; скадджын сӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ ӕгады бынатмӕ нал ӕрхаудзысты.


Сымахыл ӕрцӕрын кӕндзынӕн бирӕ адӕм — ӕппӕт израилӕгты. Уыдон сахарты ӕрцӕрдзысты ӕмӕ хӕлддзӕгтӕ рацараздзысты.


Ныббирӕ уыл кӕндзынӕн уӕ адӕм ӕмӕ фос. Уыдон цот уадздзысты ӕмӕ сбирӕ уыдзысты. Раздӕры заманау уыл ӕрцӕрын кӕндзынӕн бирӕ адӕм ӕмӕ уын раздӕры заманӕй фылдӕр хӕрзтӕ ратдзынӕн. Уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.


Ӕз уӕм раздахдзынӕн Ме ’ргом, ӕмӕ уӕ бахуым кӕндзысты ӕмӕ байтаудзысты.


Мӕхицӕн ӕй байтаудзынӕн зӕххы, ӕмӕ уӕд Ӕнӕхатыргондӕн ныббардзынӕн. Мӕн чи нӕу, уыцы адӕмӕй Ӕз зӕгъдзынӕн «Мӕ адӕм», уыдон та Мын зӕгъдзысты: «Ды — нӕ Хуыцау».


Кӕд сӕ Ӕз адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кодтон, — уыдон Мӕ ӕрымысдзысты дард бӕстӕты, сӕ цотимӕ фервӕздзысты уым ӕмӕ фӕстӕмӕ раздӕхдзысты.


Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн алцыдӕр парахатӕй ратдзӕн, уӕ алы хъуыддаг дӕр уыдзӕни ӕнтыстджын; уӕ байзӕддаг, уӕ фосы зӕйц ӕмӕ уӕ зӕххы тыллӕг арфӕгонд уыдзысты. Йӕ хорзӕхтӕ уын лӕвар кӕнгӕйӕ, Дунедарӕг ногӕй цин кӕндзӕни, уӕ фыдӕлтыл куыд цин кодта, афтӕ,


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ