24 Иудей ӕмӕ йе ’ппӕт сахарты ӕрцӕрдзысты адӕм, зӕхкусджытӕ ӕмӕ фыййӕуттӕ.
Ӕрбацӕудзысты, ӕмӕ Сионы хохыл сӕ цины хъӕртӕ хъуысдзысты; цин кӕндзысты, Дунедарӕг сын парахатӕй кӕй ратдзӕн, уыдӕттыл: мӕнӕу, сӕн ӕмӕ сойыл, фыстӕ ӕмӕ галтыл. Сӕ удтӕ дидинӕгкалӕг дыргъдоны хуызӕн суыдзысты, сӕ хъизӕмарӕн кӕрон ӕрцӕудзӕн.
Сымахыл ӕрцӕрын кӕндзынӕн бирӕ адӕм — ӕппӕт израилӕгты. Уыдон сахарты ӕрцӕрдзысты ӕмӕ хӕлддзӕгтӕ рацараздзысты.
афтӕ дзургӕйӕ: «Азгъор ӕмӕ ацы лӕппуйӕн зӕгъ: Йерусалимы уый бӕрц адӕм ӕмӕ фос фӕзындзӕн, ӕмӕ сын сахары бынат дӕр нал фаг кӕндзӕн, йӕ алфамбылӕйтты ’рцӕрдзысты.