18 Ӕз Ефремы хъӕрзын хъусын: «Хивӕнд родау мӕ бафхӕрдтой, ӕмӕ ӕфхӕрд баййӕфтон. Раздах мӕ, цӕмӕй фӕстӕмӕ раздӕхон, уымӕн ӕмӕ Ды Дунедарӕг дӕ, мӕ Хуыцау!
Тӕхудиаг у, Хуыцау зонды къахыл кӕй ӕвӕры, уый, уымӕ гӕсгӕ Ӕппӕтхъомысы ’фхӕрдыл дӕхи ма тигъ кӕн.
Байгом мын кӕн мӕ цӕстытӕ, ӕмӕ фенон Де ’Гъдауы диссӕгтӕ.
Уымӕн ӕмӕ Уый загъта — ӕмӕ сӕххӕст ис; Уый бардзырд радта — ӕмӕ сси афтӕ.
Ныззарут Ын, рӕсугъд Ын ӕрцӕгъдут далатӕй, ӕхцонзӕл дыууадӕстӕнонтӕй ӕмӕ хъисфӕндыртӕй!
«Де уӕхсчытӕй дын де ’ргъом ӕристон, дӕ чыргъӕдтӕ дын айстон дӕ къухтӕй.
О Дунедарӕг, Ды мӕ ныфс Дӕ, Дӕ лӕггадгӕнӕджы зӕрдӕ барухс кӕн!
Бӕхӕн — ехс, хӕрӕгӕн — идон, ӕдылыйы рагъӕн та — уис.
Уайдзӕфтӕм хъусгӕйӕ, йӕхи чи схъӕхъхъаг кӕны, уымӕн ӕвиппайды йе сӕфт ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ йын ницыуал баххуыс кӕндзӕн.
Мӕ лӕппу, Дунедарӕджы ӕфхӕрдмӕ ницыйы цӕстӕй ма кӕс, Йӕ уайдзӕфтӕ дын хъыг ма уӕнт.
Надцух ма стут, ӕнӕсӕттонтӕ? Сӕр хъӕдгӕмттӕй куынӕуал зыны, зӕрдӕ куы баруади.
Дӕ цот рафтыдысты, тигътыл ныффӕлдӕхтысты ӕмӕ удхар кӕнынц, сӕгуыт ахсӕн хызы куыд фӕудхар кӕны, афтӕ. Ахӕм ӕвирхъау уавӕры сыл сӕмбӕлди Дунедарӕджы азар, Хуыцауы фыдӕх.
Карз Ӕй ӕфхӕрдтой, фӕлӕ Уый ӕдзӕмӕй лӕууыди, ӕргӕвдынмӕ кӕй ракӕнынц, уыцы уӕрыккау, ӕлвынгӕ кӕй фӕкӕнынц, уыцы фысау. Хъыпп-сыпп дӕр не скодта.
Фӕлӕ Ды куы дӕ нӕ Фыд! Авраам нӕ зоны мах, Йаков дӕр — афтӕ. О Дунедарӕг, Ды дӕ нӕ Фыд! Дӕ ном мыггагмӕ дӕр у «нӕ Ирвӕзынгӕнӕг».
Адӕм, чи сӕ цӕвы, Уымӕ нӕ раздӕхынц, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы нӕ агурынц.
О Дунедарӕг, сдзӕбӕх мӕ кӕн, ӕмӕ ӕнӕниз суыдзынӕн; фервӕзын мӕ кӕн, ӕмӕ фервӕздзынӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз Дӕу стауын!
Уӕ фыртты уын Ӕз дзӕгъӕлы ӕфхӕрдтон: уӕддӕр Мын Мӕ фӕдзӕхстытӕм нӕ хъуыстой. Ӕгъатыр домбайау уӕ кард уӕ пехуымпарты аныхъуырдта!
Не ’лгъаг миты аныгъуылдыстӕм ӕмӕ фӕхудинаг стӕм, уымӕн ӕмӕ нӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ нӕ фыдӕлтӕ дӕр Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы раз, тӕригъӕдтӕ фӕкодтам; не ’взонджы бонтӕй абоны онг мах Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, ныхасмӕ нӕ хъуыстам».
Ралӕудзӕн ахӕм бон, ӕмӕ Ефремы хӕхтыл хъахъхъӕнджытӕ ныхъхъӕр кӕндзысты: „Сыстут, ӕмӕ Дунедарӕгмӕ, нӕ Хуыцаумӕ, Сионмӕ ссӕуӕм!“»
Ардыгӕй цӕссыгкалгӕ цыдысты, фӕлӕ сӕ ныр Мӕхӕдӕг басабыр кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ, кӕуыл нӕ фӕкӕлдзысты, уыцы раст фӕндагыл цӕугӕдӕттӕм акӕндзынӕн. Уымӕн ӕмӕ Ӕз дӕн Израилы фыд, Мӕ фыццаг зӕнӕг Ефрем у!
О Дунедарӕг! Ау, Дӕ цӕст рӕстдзинад нӕ уыны? Дӕрӕн сӕ кӕныс, фӕлӕ сӕм рыст нӕ хъары, ныццӕгъдыс сӕ, фӕлӕ зонды къахыл не ’рлӕууынц. Дуртӕй хъӕбӕрдӕр систы, фӕсмон кӕнын сӕ зӕрды нӕй!
О Дунедарӕг! Раздах нӕ Дӕхимӕ, ӕмӕ уӕд раздӕхдзыстӕм. О, ратт нын ногӕй рагзаманты цард!
Уым ӕрымысдзыстут уе ’ппӕт фӕндӕгтӕ ӕмӕ уе ’ппӕт митӕ, уӕхи-иу кӕмӕй фӕчъизи кодтат, уыдон ӕмӕ уе ’наккаг митыл ӕрхуддзыстут.
Моисейы Ӕгъдауы куыддӕриддӕр загъдӕуыд, афтӕ ныл Хуыцауы фыдӕх сӕмбӕлди, фӕлӕ мах Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, лӕгъстӕ нӕ кодтам, нӕ тӕригъӕдтыл не ’рфӕсмон кодтам, Йӕ ӕцӕгад Ын ницӕмӕ дардтам.
Ефрем — ӕрмахуыр гал, най кӕныныл ахуыр у. Ӕз ын Мӕхӕдӕг йӕ нард бӕрзӕйыл ӕфсондз сӕвӕрдзынӕн ӕмӕ йӕ баифтындздзынӕн. Иудӕ хуым кӕндзӕни, Йаков та похци ласдзӕн.
Къӕйных дыгӕрдыгӕй уӕлдай коммӕ куынӕуал кӕсы Израил, уӕд ма сӕ Дунедарӕг уӕрыччытау парахат уыгӕрдӕны куыд хиза?
Фӕстӕмӕ раздӕхдзынӕн Мӕ бынатмӕ, цалынмӕ сӕ азым ӕрӕмбарой ӕмӕ Мӕ ӕрцагурой, уӕдмӕ.
Ӕмӕ федта Хуыцау, адӕм сӕ рӕдыд фӕндагӕй кӕй рахызтысты, уый, бӕллӕх ӕруадзинаг сыл кӕй уыдис, уымӕй сын фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ йӕ нал ӕруагъта.
Никӕмӕ хъусы, йӕхи атигъ кӕны зондамындыл, Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ нӕ дары ӕмӕ йӕ Хуыцаумӕ нӕ кувы.
Фӕлӕ Дунедарӕгӕн кад чи кӕны, уыдон кӕрӕдзийӕн дзурынц: «Дунедарӕг уыны ӕмӕ хъусы уыдӕттӕ. Чи дзы тӕрсы ӕмӕ Йын кад чи кӕны, уыдоны нӕмттӕ зӕрдылдарӕн чиныджы фыссы».
Уый фыдӕлты зӕрдӕтӕ аздахдзӕни сӕ байзӕддаджы ’рдӕм, байзӕддаджы зӕрдӕтӕ та — сӕ фыдӕлтӕм, цӕмӕй, куы ’рцӕуон, уӕд зӕхх ӕлгъыстаг ма фӕкӕнон.
Ефремы ’фсад йӕ къордтимӕ ӕрбынат кӕнӕд ныгуылӕнӕрдыгӕй; Ефремы байзӕддӕгты фӕтӕг — Елишама, Аммиуды фырт.
Илийайы уд ӕмӕ хъаруимӕ цӕудзӕни Бардарӕджы разӕй, цӕмӕй фыдӕлтӕ ӕмӕ сӕ цоты зӕрдӕтӕ раздаха кӕрӕдзимӕ, хивӕндты раст зондыл сараза ӕмӕ адӕмы бацӕттӕ кӕна Бардарӕджы ӕрцыдмӕ».
Уыйадыл сыстад ӕмӕ ацыди йӕ фыдмӕ. Фыд ӕй дардмӕ ауыдта ӕмӕ йын фӕтӕригъӕд кодта. Разгъордта йӕм, йе ’фцӕгыл ын ныттыхсти ӕмӕ йын батӕ кодта.
Хуыцау Йӕ Фырты мӕрдтӕй куы райгас кодта, уӕд Ӕй фыццаг сымахмӕ арвыста, цӕмӕй уын Уый арфӕ ракӕна ӕмӕ уӕ алчидӕр йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадза».
уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕхӕдӕг кусы уӕ зӕрдӕты — фӕндон Ын чи у, уӕ уыцы бӕллицтӕ ӕмӕ хъуыддӕгтӕ Уымӕй рацӕуынц.
ӕмӕ уын хъӕбултау уӕ зӕрдӕ фӕфидар кӕнынӕн цы загъд уыди, уый уӕ ферох ис: «Мӕ хъӕбул, Хуыцауы ӕфхӕрдмӕ ницыйы цӕстӕй ма кӕс, ӕмӕ дын куы бауайдзӕф кӕны, уӕд дӕ ныфс ма сӕттӕд,
Кӕй уарзын, уыдонӕн Ӕз бауайдзӕф кӕнын ӕмӕ сӕ бафхӕрын. Уӕдӕ ӕнувыд у ӕмӕ ӕрфӕсмон кӕн дӕ тӕригъӕдтыл.