14 Хӕринаджы хуыздӕрӕй бафсаддзынӕн сауджынты, Мӕ рӕдаудзинадӕй бафсӕддзысты Мӕ адӕм, — зӕгъы Дунедарӕг.
О Дунедарӕг Хуыцау, уӕдӕ ӕрцу Дӕ цӕрӕнмӕ — Ды ӕмӕ Дӕ хъомысджын Фидыды Чырын! Дӕ сауджынтӕ, о Дунедарӕг Хуыцау, ирвӕзындзинадӕй сӕхи дарӕсау сфӕлындӕд, Дӕ иузӕрдион адӕм цин кӕнӕнт Дӕ хорзӕхтыл!
Уымӕн ӕмӕ уыцы уӕттӕм израилӕгты ӕмрӕнхъ левиттӕ дӕр хъуамӕ хӕссой хуынтӕ: дзул, сӕн ӕмӕ сой. Уым сты кувӕн мигӕнӕнтӕ, лӕггадгӕнӕг сауджынтӕ, дуаргӕстӕ ӕмӕ зарӕггӕнджытӕ дӕр. Мах нӕ Хуыцауы хӕдзар нӕ ныууадздзыстӕм.
Мӕн у Галаад, Менассиа дӕр — Мӕн, Ефрем у Ме згъӕрхуд, Иудей — Мӕ паддзахы лӕдзӕг,
Суагъта Йӕ фӕттӕ ӕмӕ ныххӕлиу кодта фыдгулты, арвӕрттывдӕй сӕ лидзӕг фӕкодта.
Мауал мӕсты кӕн, дӕ масты цӕхӕртӕ мауал кал! Ма хӕлӕг кӕн — фыддӕр истӕмӕ дын ма расайа!
О Хуыцау, фехъус мын мӕ куывд, знаджы тасӕй мӕ бахиз;
цӕмӕй сусӕгӕй ӕнаххосы фехсой. Ӕваст ӕй фехсдзысты — нӕ тӕрсынц.
Фыдвӕндтӕ аразынц, тӕрхӕттӕ кӕнынц, сӕ ахсӕн хыз хуыздӕр кӕм сӕвӕрой, ууыл. Дзурынц: «Цӕй, чи нӕ фендзӕн?»
Ӕппӕт зӕххон цӕрджытӕ ӕрзоныг кӕнӕнт Дӕ разы, зарӕнт Дӕ кадӕн, Дӕ номы кадӕн зарӕнт!»
Уымӕн ӕмӕ мын Ды Де стыр хорзӕх саккаг кодтай, бахызтай мӕ ӕнӕбын зындонӕй.
Дунедарӕг зӕгъы: «Уарзы Мӕ, ӕмӕ йӕ Ӕз фервӕзын кӕндзынӕн Мӕ ном Мын зоны, ӕмӕ йӕ Ӕз бахиздзынӕн.
— Мӕ хо, мӕ къайаг! Ӕз ӕрбацыдтӕн мӕ дыргъдонмӕ, ӕрӕмбырд кодтон мӕ миррӕ, мӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ; бахордтон мӕ мыдӕй, бануӕзтон мӕ сӕн ӕмӕ ме ’хсырӕй. — Хӕрут ӕмӕ нуазут, лымӕнтӕ! Нуазгӕ кӕнут, уӕхи бафсадут, уарзӕттӕ!
Уӕларвӕфсады Бардарӕг ӕппӕт адӕмтӕн Сионы хохыл куывд скӕндзӕн. Фынгтӕ зӕхмӕ тасдзысты алы минасӕй, дзидзайы нард, стӕджы магъз ӕмӕ сӕны дзӕбӕхӕй.
Уӕхӕдӕг та суыдзыстут Дунедарӕджы нымад сауджынтӕ, нӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ. Адӕмты хъӕздыгдзинӕдтӕ уыдзысты уӕхи, иууылдӕр уыдзысты сымах.
Фӕллад адӕмӕн бадардзынӕн дон, бафсаддзынӕн фӕлмӕцыдты».
Ацы сахар Мӕ ӕппӕт зӕххон адӕмты ’хсӕн скадджын кӕндзӕн. Цы хорзӕхтӕ йын балӕвар кодтон, уый куы фехъусой, уӕд Мӕ цингӕнгӕйӕ стаудзысты. Цы фарнӕй йӕ схайджын кодтон, уый куы базоной, уӕд фыр тӕссӕй нырриздзысты.
Израилы та йӕ раздӕры сӕрвӕтмӕ раздахдзынӕн, Кармел ӕмӕ Башаны хиздзӕн, Ефремы хӕхты ӕмӕ Галаады йӕхи бафсаддзӕн.
Сойджын сӕрвӕты сӕ хиздзынӕн, Израилы бӕрзонд хӕхтыл уыдзӕни сӕ уӕтӕр. Ривӕд кӕндзысты уыцы дзӕбӕх уӕтӕры ӕмӕ хиздзысты сойджын сӕрвӕты, Израилы хӕхтыл.
Уӕ хордӕтты ма хоры мыггаг баззади? Сӕнӕфсиры талатӕ, гранат, легъуи ӕмӕ оливӕ бӕлӕстӕ абоны онг дыргъ нӕма радтой. Фӕлӕ сыл нырӕй фӕстӕмӕ Ӕз Мӕ арфӕ уадздзынӕн».
Тӕхудиаг сты, стонгау ӕмӕ, дойны кӕмӕн у, уыйау рӕстдзинадмӕ чи бӕллы, уыдон, — Хуыцау сӕ бафсаддзӕн.
Арфӕгонд уӕд Хуыцау, нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы Фыд, Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы махӕн монон лӕвӕрттӕ ӕххӕстӕй уӕлӕрвты Чи саккаг кодта!
зонд кӕуыл не ’ххӕссы, Йӕ уыцы уарзт, ӕмӕ ӕххӕстӕй схайджын уат Хуыцауы ӕрдзыхъӕдӕй.
Неффалимы тыххӕй загъта: „Неффалим Дунедарӕгӕй арфӕгонд у, ныгуылӕн ӕмӕ хуссар йӕхи уыдзысты“.
Сымах та стут ӕвзӕрст мыггаг, Паддзахы уаз лӕггадгӕнджытӕ, сыгъдӕг адӕм, Хуыцауы исбон, талынгӕй Йӕ диссаджы рухсмӕ кӕй ракодта ӕмӕ Йӕ алӕмӕты хъуыддӕгтӕ хъусын кӕнынмӕ кӕмӕ фӕсидти, Йӕ уыцы ӕвзӕрстытӕ.
Скодтай сӕ паддзӕхтӕ, нӕ Хуыцауӕн лӕггадгӕнджытӕ, ӕмӕ паддзахиуӕг кӕндзысты зӕххыл».