Йеремиа 31:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст10 О адӕмтӕ, байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ! Дард сакъадӕхтӕн фехъусын кӕнут, дзурут сын: «Израилы Чи ныххӕлиу кодта, Уый йӕ фӕстӕмӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн ӕмӕ, фыййау йӕ дзуг куыд хъахъхъӕны, афтӕ йӕ хъахъхъӕндзӕн». အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Мӕ адӕмӕй чи фервӕза, уыдоны скӕндзынӕн Мӕ минӕвӕрттӕ. Арвитдзынӕн сӕ алы адӕмтӕм, алы бӕстӕтӕм: Таршишмӕ, Пулмӕ ӕмӕ Лудмӕ, Мешехмӕ ӕмӕ Рошмӕ, Тувалмӕ ӕмӕ Йаванмӕ, ноджы ма алы дард сакъадӕхтӕм, Мӕ кой Мын кӕм никуы фехъуыстой ӕмӕ Мын Мӕ кад кӕм никуы федтой, уыцы бӕстӕтӕм, ӕмӕ адӕмӕн дзурдзысты Мӕ кады тыххӕй.