Йеремиа 3:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст17 Уыцы заман Йерусалимы сахар схондзысты Дунедарӕджы паддзахы бадӕн. Ӕппӕт адӕмтӕ ӕрӕмбырд уыдзысты Йерусалиммӕ, цӕмӕй Дунедарӕджы номӕн скад кӕной. Фыдзӕрдӕ ӕмӕ хивастӕй цы митӕ кодтой, уыдон ныууадздзысты. အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Алы адӕмтӕй уын ӕрбакӕндзысты ӕфсымӕртӕ бӕхтыл, хӕргӕфсытыл ӕмӕ уадӕмдзу теуатыл, ӕрбаласдзысты сӕ тохуӕрдӕтты ӕмӕ лӕгуӕрдӕтты. Ӕрбакӕндзысты сӕ Мӕ уаз хохмӕ, Йерусалиммӕ, ӕмӕ сӕ балӕвар кӕндзысты Мӕнӕн, Дунедарӕгӕн, израилӕгтӕ Мын Мӕ Кувӕндонмӕ сыгъдӕг мигӕнӕны хуын куыд ӕрбахӕссынц, раст уый хуызӕн.