29 Пехуымпар Софониа уыцы фыстӕг Йеремиайӕн бакасти.
Невузардан ӕрцахсын кодта алчер Серайы, стӕй уымӕн йӕ хӕдивӕг Софониайы ӕмӕ ма ноджы кулдуары цур хъалагъур хӕссӕг ӕртӕ лӕджы.
Дунедарӕг Йеремиайӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас. Уый уыди, паддзах Цедекиа Йеремиамӕ Малкиайы фырт Пашхур ӕмӕ сауджын Софониайы, Маасеайы фырты, куы арвыста, уыцы рӕстӕг. Паддзах сын бафӕдзӕхста афтӕ зӕгъын:
Навуходоносор Йерусалимӕй Вавилонмӕ уацары кӕй акодта, уыцы адӕмы ’хсӕн ма цы хистӕртӕ баззад, уыдонмӕ, стӕй сауджынтӕ, пехуымпартӕ ӕмӕ ӕппӕт адӕммӕ Йеремиа Йерусалимӕй арвыста мӕнӕ ацы фыстӕг.
Ӕмӕ Дунедарӕг Йеремиайӕн загъта:
Хъахъхъӕнджыты хицау уацары акодта алчер Серайы, Кувӕндоны дыккаг сауджын Софониайы ӕмӕ, Кувӕндонмӕ бацӕуӕн цы ӕртӕ лӕджы хъахъхъӕдтой, уыдоны.