Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Йеремиа 29:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 уымӕн ӕмӕ Мын Мӕ ныхӕстӕм нӕ хъуыстой, — зӕгъы Дунедарӕг, — Мӕ пехуымпарты уылты сӕм ӕдзухдӕр кӕй ӕрвыстон, уыцы ныхӕстӕм сӕ хъус не ’рдардтой.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Йеремиа 29:19
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уымӕ гӕсгӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: «Мӕ ныхӕстӕм Мын кӕй нӕ хъуыстат,


Мӕ лӕггадгӕнджыты, пехуымпарты, ныхӕстӕм куынӕ хъусат, — кӕд сӕм нӕ хъусут, уӕддӕр уӕм Ӕз ӕдзухдӕр кӕй ӕрвитын, уыдонмӕ, —


Се ’ргомы бӕсты Мӕм раздӕхтой сӕ чъылдым. Ӕз сын ӕдзухдӕр зонд амыдтон, фӕлӕ нӕ хъуыстой, зондамындтӕ ницӕмӕ ӕрдардтой.


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Мӕ ныхасмӕ Мын кӕй нӕ байхъуыстат ӕмӕ уе ’фсымӕрты, уӕ хиуӕтты кӕй не ссӕрибар кодтат, уый тыххӕй уын Ӕз ныр лӕвар кӕнын сӕрибар, — зӕгъы Дунедарӕг, — сӕрибарӕй кард, стонг ӕмӕ рынӕй амӕлыны фадат. Ӕз сымахӕй ӕппӕт зӕххон паддзахӕдтӕн ӕвирхъау дӕнцӕг сараздзынӕн!


Сӕ фыдракӕндтӕй Мӕ смӕсты кодтой, нӕдӕр уӕхӕдӕг, нӕдӕр уӕ фыдӕлтӕ кӕй нӕ зыдтой, уыцы хуыцӕуттӕн буд сыгътой ӕмӕ сын лӕггад кодтой.


Байхъус, зӕхх! Ӕз ацы адӕмыл бӕллӕхтӕ ’руадздзынӕн. Сӕхи фӕндтӕ сӕ расайдзысты, уымӕн ӕмӕ Мын Мӕ ныхӕстӕм нӕ хъуыстой ӕмӕ Ме ’Гъдауыл сӕхи атигъ кодтой.


Ӕмӕ ныр, ӕппӕт уыдӕттӕ кӕй кӕнут, — зӕгъы Дунедарӕг, — кӕд ӕмӕ уын Ӕз ӕдзухдӕр дзырдтон, фӕлӕ нӕ хъуыстат, сидтӕн уӕм, фӕлӕ дзуапп нӕ лӕвӕрдтат,


Уӕдӕ кӕсут, дзургӕ Чи кӕны, Уымӕ ӕнӕ байхъусгӕ ма фӕут. Зӕххыл Чи дзырдта, Уымӕ цы адӕм нӕ байхъуыстой, кӕд уыдон ӕнӕфхӕрдӕй нӕ аирвӕзтысты, уӕд махӕн та ӕнӕфхӕрдӕй баззайӕн уӕвгӕ дӕр нӕй, уӕлӕрвтӕй Чи дзуры, Уымӕй не ’ргом куы аздахӕм, уӕд.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ